НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Нӕуӕг лӕггади анзмӕ дӕ рази цӕхуӕн нисӕнттӕ исӕвардтай?
Нӕ рази нисӕнттӕ уомӕн февӕрӕн, ӕма нӕ фӕффӕндуй Йеговӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнун ӕма ин ӕ зӕрдӕ рохс кӕнун. Ци нисӕнттӕ исӕвӕрӕн, уонӕн рӕстӕг ӕма хъауритӕ ’вгъау кӕнун нӕ гъӕуй, уомӕн ӕма уони фӕрци фӕлтӕрдгундӕр кӕнӕн (1Тм 4:15). Хуарз цӕмӕн ӕй рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ нисӕнттӕбӕл сагъӕс кӕнун? Уомӕн ӕма цард ӕййевуй, ӕма кӕцидӕр нисӕнттӕ, гӕнӕн ес, ӕма нӕ къохи мабал бафтуйонцӕ. Кӕцидӕртӕ ба нӕ къохи бафтудӕнцӕ, ӕма нӕ гъӕуй нӕуӕг нисӕнттӕ исӕвӕрун.
Нӕуӕг лӕггади анз хуарз рӕстӕг ӕй, цӕмӕй нӕ нисӕнттӕмӕ ӕркӕсӕн. Уой туххӕй уӕ бон ӕй радзубанди кӕнун бийнонти ахури рӕстӕг. Расагъӕс кӕнтӕ, нӕуӕг лӕггади анзи уӕ бон цӕхуӕн еумӕйаг нисӕнттӕ ӕй исӕвӕрун ӕма алкедӕр хецӕнӕй цӕхуӕн нисӕнттӕ исӕвӕрдзӕй, уобӕл.
Аци гъуддӕгти дӕ цӕхуӕн нисӕнттӕ фӕндуй исӕвӕрун ӕма цӕмӕй дӕ къохи бафтуйонцӕ, уой туххӕй дӕ ци фӕндуй бакӕнун?
Библи кӕсун ӕма ӕртасун, ӕмбурдтӕмӕ цӕун ӕма си дзуӕппитӕ дӕттун (w02-U 15/6 14, 15 фф., 14, 15 абз.)
Игъосун кӕнун (w23.05 27 ф., 4, 5 абз.)
Киристон менеугтӕ (w22.04 23 ф., 5, 6 абз.)
Ӕндӕр: