ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Йеговӕбӕл еузӕрдон уо – хуарз ӕмбӕлттӕ ӕвзарӕ
Аммонӕгтӕн ӕма моавӕгтӕн барӕ н’ адтӕй, цӕмӕй «ӕцӕг Хуцауи ӕмбурдӕй уонцӕ», уомӕн ӕма раздӕр еци адӕнихӕттитӕ израилӕгти знӕгтӕ адтӕнцӕ (Не 13:1, 2; it-U «Аммонитяне», дӕлс. «Браки с израильтянами», 2 абз.).
Хестӕр саугин Елиашив еу аммонагӕн ковӕндони къӕбец равардта, ӕма си е ӕхецӕн ӕрбунат кодта (Не 13:4, 5; w13-U 15/8 4 ф., 5, 6 абз.).
Нееми Йеговӕбӕл еузӕрдон ке адтӕй, уой гъуддагӕй бавдиста – еци къӕбецӕй Хуцауи знаги дзаумӕуттӕ ракалдта (Не 13:7–9).
Йегови ка нӕ уарзуй, уони хӕццӕ ку лимӕн кӕнӕн, уӕд ма уотӕ зӕгъӕн уодзӕй, ӕма Йеговӕбӕл еузӕрдон ан? (w96-U 15/3 16 ф., 6 абз.).
ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Мӕхецӕн ӕмбалӕн ке равзурстон, уомӕ Йеговӕ ци цӕстӕй кӕсуй?»