НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Игъосун кӕнуни гъуддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфедар кӕнунбӕл архайӕн
Знӕгтӕ израилӕгти ковӕндонӕ кӕнунмӕ ку хъор кодтонцӕ, уӕд косгутӕ байархайдтонцӕ, цӕмӕй син закъонмӕ гӕсгӕ барӕ кӕмӕй адтӕй, еци куст идарддӕр цудайдӕ (Езд 5:11–16). Уотӕ абони дӕр киристӕнттӕ хуарз хабар игъосун кӕнуни гъуддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфедар кӕнунбӕл архайунцӕ (Фп 1:7). Уой туххӕй 1936 анзи Йегови Ӕвдесӕнти сӕйраг хайади конд ӕрцудӕй юридикон хайадӕ. Еци хайадӕ абони дӕр архайуй, цӕмӕй ӕгас зӕнхӕбӕл Паддзахади гъуддаг размӕ цӕуа. Цума еци хайадӕ куд архайуй?
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЗНАКОМСТВО С ЮРИДИЧЕСКИМ ОТДЕЛОМ ВО ВСЕМИРНОМ ГЛАВНОМ УПРАВЛЕНИИ» ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ:
-
Йегови Ӕвдесӕнтӕ юридикон гъуддӕгти цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕнцӕ?
-
Тӕрхондони цӕхуӕн гъуддӕгтӕ рамулдтонцӕ? Ӕрхӕссӕ дӕнцӕг.
-
Алке бон дӕр ни ци ӕй кӕнун, цӕмӕй хуарз хабар игъосун кӕнуни гъуддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфедар уа?
-
Нӕ сайти кӕми ес иссерӕн, юридикон уавӕри туххӕй фӕстаг хабӕрттӕ ӕма, ахӕстдони ка бадуй, еци Йегови Ӕвдесӕнти нӕмттӕ?