Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Етӕ мах туххӕй зингзӕрдӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ

Етӕ мах туххӕй зингзӕрдӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ

Районон цӕстӕдаргутӕ ӕма сӕ бийнойнӕгтӕ ӕмбурдтӕ ку фӕббӕрӕг кӕнунцӕ, уӕд хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл зӕрдиагӕй батухсунцӕ. Уонӕн дӕр сӕхе зинтӕ фӕууй, хатгай ба нифссаст дӕр фӕуунцӕ (Иак 5:17). Фал уӕддӕр фиццагидӕр фӕссагъӕс кӕнунцӕ, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти куд бафедар кӕнонцӕ, уобӕл. Районон цӕстӕдаргутӕ ӕнцӕ «уӕлдай кади аккаг» (1Тм 5:17).

Апостол Павел Роми ӕмбурд бабӕрӕг кӕнунмӕ ку фӕндӕ кодта, цӕмӕй син, «Хуцауӕй ка цӕуй, еци хуарздзийнӕдтӕй» бахай кодтайдӕ, уӕд ӕй зудта, ӕхуӕдӕг дӕр, удта иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр «кӕрӕдзей ӕууӕндундзийнадӕй [ке] бафедар» уодзӕнцӕ (Ро 1:11, 12). Ескӕд расагъӕс кодтай, дӕ бон куд адтайдӕ районон цӕстӕдарӕги ӕма ӕ бийнойнаги бафедар кӕнун?

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «БУДНИ РАЙОННОГО НАДЗИРАТЕЛЯ» ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ:

  • Районон цӕстӕдаргутӕ ӕма сӕ бийнойнӕгтӕ ӕмбурдтӕн сӕхе куд не ’вгъау кӕнунцӕ?

  • Се ’нхус син дӕхебӕл куд балӕдӕрис?

  • На бон сӕ куд ӕй бафедар кӕнун?