Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

5–11 августи

ПСАЛОМТӔ 70–72

5–11 августи

59 зар ӕма кувд | Раздзурд (1 мин.)

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ

1. «Хуцауи хъаури туххӕй „иннӕ фӕлтӕрӕн“ дзоретӕ»

(10 мин.)

Ӕригонӕй ӕй Давид уидта, Йеговӕ ин куд ӕнхус кодта, уой (Пс 71:5; w99-U 1/9 18 ф., 17 абз.).

Ӕнзтӕ ибӕл ӕ уӕзӕ ку ’руагътонцӕ, уӕддӕр ӕй Давид уидта, Йеговӕ ӕ фарсмӕ ке ӕй (Пс 71:9; g04-U 8/10 23 ф., 3 абз.).

Давид ӕригӕнттӕн дзурдта, Йеговӕ ин куд ӕнхус кодта, уой ӕма сӕ уотемӕй федар кодта (Пс 71:17, 18; w14-U 15/1 23 ф., 4, 5 абз.).

ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Не ’мбурди, Йеговӕн рагӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕй мӕ бон ке адтайдӕ нӕ бийнонти ахурмӕ фӕххонун, цӕмӕй сӕ сӕ царди туххӕй рафӕрсӕн?»

2. Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай

(10 мин.)

  • Пс 72:8. Йеговӕ Авраамӕн Райдайӕни 15:18 зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, е Соломони рӕстӕги куд исӕнхӕст ӕй? (it-1-U 686 ф., 4 абз.)

  • Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕми цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?

3. Библи кӕсӕн

АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ

4. Дзубанди ку райдайай

(3 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРӔМӔ. Адӕймаги буцӕу кӕнун ку фӕндӕуа, уӕд дӕ дзурдӕн уӕзданӕй ракӕрон кӕнӕ (lmd 4 урок, 5 пункт).

5. Адӕймаги нӕуӕгӕй ку бабӕрӕг кӕнай

(4 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС, ФАДУАТ ДИН ФӔЗЗИНДТӔЙ, УОТЕМӔЙ. Дӕ хӕстӕгутӕй рӕстдзийнади туххӕй раздӕр ке хӕццӕ дзурдтай, е гурусхӕ кӕнуй, Библи ахур кӕнун райдайӕ ӕви нӕ, уобӕл (lmd 8 урок, 4 пункт).

6. Цӕбӕл ӕууӕндис, уой лӕдӕрун кӕнис

(5 мин.) Радзубанди. Арӕзт ӕй ijwfq-U 49. Темӕ: «Йегови Ӕвдесӕнти кӕцидӕр ахурӕдти ӕййивддзийнӕдтӕ цӕмӕн ӕрцудӕй?» (th 17 урок).

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

76 зар

7. Унаффитӕ бийнонти ахури фӕдбӕл

(15 мин.) Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ.

Бийнонти ахур хуарз мадзал ӕй, цӕмӕй сувӕллӕнттӕ Йеговӕй ахур кӕнонцӕ (Еф 6:4). Ахур кӕнун ӕнцон нӕй, фал уӕ сувӕллӕнтти ку исахур кӕнайтӕ, цӕмӕй сӕ зӕрдӕ Библий рӕстдзийнадӕ агора, уӕд ӕй ӕртасун дӕр бауарздзӕнцӕ (Ин 6:27; 1Пт 2:2). Игъосгути гъос ӕрдарӕ рамки « Унаффитӕ бийнонти ахури фӕдбӕл» кӕцидӕр гъудитӕмӕ. Ниййергутӕ, аци рамкӕ уин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй бийнонти ахур уӕ сувӕллӕнтти зӕрдӕмӕ никки хъӕбӕрдӕр цӕуа:

  • Аци унаффитӕй дӕ кӕцимӕй фӕндадтайдӕ испайда кӕнун?

  • Цӕхуӕн мадзӕлттӕй ма ес пайда кӕнӕн?

Бавдесӕ ВИДЕОРОЛИК «Вносите разнообразие в семейное поклонение». Уой фӕсте игъосгути бафӕрсӕ:

  • Кӕд бийнонтӕн сувӕллӕнттӕ нӕййес, уӕд лӕги бон ци адтайдӕ искӕнун, цӕмӕй сӕ бийнонти ахур ӕ бийнойнаги зӕрдӕмӕ цӕуа?

8. Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 123 зар ӕма кувд