Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Дзубанди куд ес райдайӕн

Дзубанди куд ес райдайӕн

«БИБЛИ НӔ РӔСТӔГМӔ КУЫД ӔРХӔЦЦӔ?»

Фарста: Ӕвӕдзи ’й зонис, кадӕртӕ Библи фесафунбӕл ке архайдтонцӕ. Фал кӕд Библи Хуцауӕй ӕй, уӕд ӕй гъӕуама багъӕуай кодтайдӕ. Уотӕ нӕй?

Стих: Ис 40:8

Публикаци: Аци цалдӕр статьяй дзурд цӕуй, Библи мах рӕстӕгмӕ куд ӕрхъӕрдтӕй, уобӕл.

«БИБЛИ НӔ РӔСТӔГМӔ КУЫД ӔРХӔЦЦӔ?» (фӕстаг фарс)

Фарста: Ду ба ци гъуди кӕнис, аци фарстай туххӕй? [Бакӕсӕ 16 фарсбӕл фиццаг фарста.] Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма динтӕ адӕн сӕхуӕдтӕ ӕргъуди кодтонцӕ. Иннетӕ ба ӕууӕндунцӕ, Хуцау динти фӕрци адӕни ӕхемӕ ке хӕстӕг кӕнуй. Дӕумӕ ба куд кӕсуй?

Стих: Иак 1:27

Публикаци: Аци статьяй базондзӕнӕ, аци фарстай фӕдбӕл ма Библи ци зӕгъуй, уой. Мӕ бон ӕй иннӕ хатт ӕрбацӕун, цӕмӕй аци статьяй гъудитӕй цалдӕребӕл радзубанди кӕнӕн.

АХУР КӔНӔ ПЪЛӔНТТӔЙ ПАЙДА КӔНУН

Фарста: Библий пахампарӕдтӕ кӕсгӕй беретӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, цума газзети фӕстаг хабӕрттӕ кӕсунцӕ. Дӕумӕ ба куд кӕсуй, аци дзурдтӕй абони кӕцитӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ?

Стих: 2Тм 3:1–5

Публикаци: Аци пълани дзурд цӕуй, Хуцауи ка уарзуй, уонӕн аци дзурдтӕ хуарз хабарбӕл нимад цӕмӕн ӕнцӕ, уой туххӕй. [Радзубанди кӕнӕ пъланбӕл «Хуцауи Паддзахадӕ кӕд ӕрцӕудзӕй?».]

ДӔХУӔДӔГ ДЗУБАНДИ КУД РАЙДАИСӔ

Уӕлдӕр ци цӕветтонтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ ӕргъуди кӕнӕ, дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдаисӕ, уой.