НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Еу анз уӕддӕр бавзарӕ
Ци? Пионерӕй балӕггадӕ кӕнун! Уой фӕрци устур арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзӕнӕ! (Ӕм 10:22).
ПИОНЕРӔЙ КУ ЛӔГГАДӔ КӔНАЙ, УӔД...
-
фӕлтӕрдгун игъосунгӕнӕг исуодзӕнӕ ӕма дин дӕ лӕггадӕ фулдӕр цийнӕдзийнадӕ хӕсдзӕй
-
Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр кӕндзӕнӕ. Адӕнӕн Хуцауи туххӕй куд фулдӕр дзорай, уотӕ ӕ дессаги менеугутӕбӕл дӕхуӕдӕг дӕр фулдӕр сагъӕс кӕндзӕнӕ
-
никки хъӕбӕрдӕр ӕй балӕдӕрдзӕнӕ, адӕймаг Хуцауи Паддзахадӕ ӕ царди фиццаг бунати ку февӕруй ӕма иннети туххӕй ӕхебӕл ку нӕ фӕййауӕрдуй, уӕд ин е цӕхуӕн устур цийни хуасӕ фӕууй, уой (Мф 6:33; Гъд 20:35)
-
дӕу дӕр фӕххондзӕнцӕ, районон цӕстӕдарӕг ӕмбурд ку фӕббӕрӕг кӕнуй, уӕд ин пионерти хӕццӕ ци фембӕлд фӕууй, уордӕмӕ ӕма, районон конгресси размӕ ци сӕрмагонд фембӕлд фӕууй, уордӕмӕ дӕр, удта пионерти скъоламӕ дӕр
-
фулдӕр адӕни хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдайдзӕнӕ
-
хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ арӕхдӕр цӕудзӕнӕ ӕма уӕ кӕрӕдзей федар кӕндзиайтӕ (Ро 1:11, 12)