Ӕргъуди кӕнӕ Йегови гъуддӕгтӕ
Йеговӕ ци хуарз гъуддӕгтӕ искодта, уонӕбӕл сагъӕс кӕнун ӕхсидзгӕ ӕй
-
Библий ци бакӕсӕн, уобӕл сагъӕс ку кӕнӕн, уӕд еци скъуддзаг хуӕздӕр балӕдӕрдзиан, удта не ’ууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнагӕн фулдӕр аргъ кӕндзиан
-
Йегови дессаги гъуддӕгтӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд алкӕддӕр нӕ зӕрди уодзӕнцӕ, удта нин зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой дӕр нӕ иронх кӕндзиан
Йегови гъуддӕгтӕй еуӕй-еуетӕ:
-
Е сфӕлдистадӕ. Ци искодта, уони туххӕй куд фулдӕр базонӕн, уотӕ ин хъӕбӕрдӕр аргъ кӕндзиан
-
Ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕ. Гъӕуама игъосӕн, Йеговӕ нин разамонгутӕй ке исӕвардта, уонӕмӕ
-
Ӕ адӕни ервӕзун кӕнуни туххӕй ци гъуддӕгтӕ искӕнуй, етӕ. Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути ке фӕййервӕзун кӕнуй, уой ку нӕ иронх кӕнӕн, уӕд ни хъӕбӕрдӕр ирагӕс кӕндзӕй, мах фӕййервӕзун кӕнун дӕр ӕ бон ке ӕй ӕма ’й фӕндгӕ дӕр ке кӕнуй, е