Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Хумӕтӕг цард кӕнгӕй Хуцауи кадгин кӕнӕн

Хумӕтӕг цард кӕнгӕй Хуцауи кадгин кӕнӕн

Абони адӕймаг царди хабӕртти фӕдбӕл ӕнцонтӕй радзӕгъӕл уй. Цӕмӕй тукӕнттӕбӕл хӕтай, еститӕ ӕлхӕнай, пайда си кӕнай ӕма сӕмӕ зелай, уомӕн берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ гъӕуй. Киристе хумӕтӕг цард ке кодта, уой фӕрци ӕ бон адтӕй ӕнӕкъулумпийӕй Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун (Мф 8:20).

Дӕ бон куд адтайдӕ дӕ цард фӕххумӕтӕгдӕр кӕнун, цӕмӕй Хуцауӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнай? Минкъий еститӕ ку феййевайтӕ, уӕд, ка ’й зонуй, уӕ бийнонтӕй ескӕмӕн ӕ бон исуа пионерӕй лӕггадӕ кӕнун. Кӕд пионерӕй лӕггадӕ кӕнис, уӕд расагӕс кӕнӕ, мулк ӕмбурд кӕнуни гъуддаг дин къулумпий хуасӕ не ’ссӕй? Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй адӕймаг хумӕтӕг цард ку кӕна, уӕд уодзӕй амондгун ӕма ин цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕндзӕй (1Тм 6:7–9).

Мӕ цард куд фӕххумӕтӕгдӕр кӕнон: