Цӕмӕй готонвӕд ӕррӕстӕ цудайдӕ, уой туххӕй хумгӕнӕг гъӕуама фӕстӕмӕ ма кастайдӕ. Раст гъе уотӕ, Киристей фӕдбӕл ка цӕуй, е дӕр гъӕуама ма бауадза, цӕмӕй, аци дуйней ци ниууагъта, уонӕмӕ ӕ зӕрдӕ дзора (Фп 3:13).
Зиндзийнӕдтӕ ку февзарӕн, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма сагъӕс кӕнун райдайӕн, зӕгъгӕ, раздӕр куд хуарз адтӕй, зӕгъӕн, рӕстдзийнадӕ ку нӕма зудтан, уӕд. Фал ни еууӕй-еухатт нӕ раздӕриккон зиндзийнӕдтӕ райронх унцӕ ӕма нӕ евгъуд цардӕй нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕууй, хуарзӕй си ци адтӕй, ӕрмӕстдӕр е, ӕма нӕмӕ уӕд уотӕ фӕккӕсуй, цума раздӕр берӕ хуӕздӕр адтӕй. Уотӕ кодтонцӕ израилӕгтӕ, Египетӕй ку рацудӕнцӕ, уӕд (Нм 11:5, 6). Уӕхӕн гъудитӕбӕл ку бафтуйӕн, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма нӕ бафӕнддзӕй нӕ раздӕриккон цардмӕ раздӕхун. Берӕ хуӕздӕр ӕй, нур ци арфӕдзийнӕдтӕй хайгин ан, уонӕбӕл сагъӕс кӕнун, удта нӕмӕ федӕни Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ ци цийнӕдзийнадӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл (2Кр 4:16–18).