Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | ПСАЛОМ 45–51

Йеговӕ зӕрдӕрист адӕймагӕй ӕхе нӕ рахатуй

Йеговӕ зӕрдӕрист адӕймагӕй ӕхе нӕ рахатуй

51 псалом Давид ниффинста, Вирсавий хӕццӕ ке фӕррӕдудӕй, уой туххӕй ин пахампар Нафан ку бауайдзӕф кодта, уой фӕсте. Давиди ӕ цӕсгон хуӕрун райдӕтта, ӕма сӕрниллӕгӕй ӕ рӕдудбӕл басастӕй (2См 12:1–14).

Кӕд Давид устур тӕрегъӕд искодта, уӕддӕр ма ин еци фадуат адтӕй, цӕмӕй нӕуӕгӕй Йеговӕмӕ бахӕстӕг адтайдӕ

51:3, 4, 8–12, 17

  • Давиди ӕ цӕсгон хуардта, цалинмӕ не ’рфӕсмон кодта ӕма ӕ рӕдуд нӕ раргом кодта, уӕдмӕ

  • Йеговӕ си арази ке нӕбал ӕй, уой туххӕй Давид уотӕ тухстӕй, раст цума е ’стгутӕ ниппурх ӕнцӕ

  • Хъӕбӕр ӕй фӕндадтӕй, цӕмӕй ин Йеговӕ ӕ рӕдуд ниххатир кодтайдӕ, фӕстӕмӕ ’й ӕхемӕ ӕрбахӕстӕг кодтайдӕ ӕма ӕ зӕрди нӕуӕгӕй фарнӕ ӕрцардайдӕ

  • Сӕрниллӕгӕй Йеговӕй курдта, цӕмӕй ин банхус кодтайдӕ зӕрдиагӕй ӕ коммӕ кӕсун

  • Йеговӕ ин ке ниххатир кӕндзӕй, уобӕл нӕ дузӕрдуг кодта