НӔ КИРИСТОН ЦАРД
«Хуцауи Паддзахадӕ. Фиццаг 100 анзи»
Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ цӕрун ке фӕндуй, етӕ гъӕуама еци Паддзахади ӕма ин ци бантӕстӕй, уой туххӕй фулдӕр базононцӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма син еци зонундзийнӕдтӕ айдагъ се ’ууӕндундзийнадӕ нӕ бафедар кӕндзӕнцӕ, фал ма сӕ разӕнгард кӕндзӕнцӕ иннетӕн хуарз хабар дзорунмӕ дӕр (Пс 45:1; 49:3). Киномӕ «Хуцауи Паддзахадӕ. Фиццаг 100 анзи» ку кӕсай, уӕд уӕхӕн фарстатӕбӕл дзуапп раттӕ:
-
«Сфӕлдистади фотодрамӕ»-мӕ ка бакастӕй, уонӕн е арфӕдзийнадӕ цӕмӕн адтӕй?
-
Хуарз хабар игъосун кӕнгӕй радиойӕй куд пайда кодтан?
-
Игъосун кӕнгӕй ма цӕхуӕн ӕндӕр мадзӕлттӕй пайда кодтан ӕма нин ци бантӕстӕй?
-
Игъосунгӕнгути куд ахур кодтонцӕ, еци гъуддаг берӕ ӕнзти дӕргъи хуӕздӕрӕй хуӕздӕр куд кодта?
-
Галаади скъолай ка ахур кодта, уони игъосун кӕнун куд ахур кодтонцӕ?
-
Конгресстӕ Йегови адӕнӕн куд банхус кодтонцӕ, цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаги ӕнтӕстгундӕр адтайуонцӕ?
-
Хуцауи Паддзахадӕ ке архайуй, уобӕл федарӕй цӕмӕн ӕууӕндис?
-
Хуцауи Паддзахадӕн ке анхус кӕнӕн, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?