НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Иннети ахур кӕнгӕй пайда кӕнӕ нӕ видеороликтӕй
Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ:
Адӕймаг ӕхуӕдӕг ци фӕууинуй ӕма ци фегъосуй, е ӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр багъаруй, ӕма нин уомӕ гӕсгӕ видеороликтӕ игъосун кӕнгӕй хъӕбӕр устур ӕнхус ӕнцӕ. Уотемӕй адӕймаг лӕмбунӕгдӕр фегъосуй ӕма ӕрмӕг хуӕздӕр нигъгъуди кӕнуй. Цӕстуингӕ цӕветтонти фӕрци иннети ахур кӕнӕн куд ес, уой еугуремӕй хуӕздӕр бавдиста Йеговӕ (Гъд 10:9–16; Рар 1:1).
Видеороликтӕ «Хуцауӕн ном ес?», «Библи ка ниффинста?» ӕма «Кӕцӕй ӕй зонӕн, Библи Хуцауи Дзурд ке ӕй?» баст ӕнцӕ уӕхӕн темити хӕццӕ «Хуцау ка ӕй?» ӕма «Хуцауи Дзурд» (кӕсӕ, аци фарстатӕ кӕми ес, еци пълӕнттӕмӕ). Видеороликтӕ «Библи ахур кӕнун цӕмӕн гъӕуй?», «Библи адӕни хӕццӕ куд фӕййахур кӕнӕн?» ӕма «Йегови Ӕвдесӕнти зали ци фӕууй?» адӕймаги разӕнгард кӕнунцӕ Библи ахур кӕнун райдайунмӕ кенӕ ӕмбурдмӕ ӕрбацӕунмӕ. Видеороликтӕ иссерунмӕ дӕ ӕнхус ку гъӕуа, уӕд де ’мбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъӕ. Иннети хӕццӕ Библи ахур кӕнгӕй ма дӕ бон ӕй бавдесун нӕ кинотӕй дӕр ескӕци (km-OSS 5/13 3).
УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:
-
Рагацау рафинсӕ, бавдесун дӕ ке фӕндуй, еци видеоролик
-
Бацӕттӕ кӕнӕ еу кенӕ дууӕ уӕхӕн фарстай, цӕмӕй сӕ дзуапп видеоролики уа
-
Еумӕ видеороликмӕ бакӕсетӕ
-
Сӕйраг гъудитӕбӕл радзубанди кӕнтӕ
БАВЗАРӔ:
-
Адӕймагӕн е ’ргом пъланмӕ раздахӕ ӕма ин бавдесӕ еци теми хӕццӕ баст видеоролик
-
Адӕймагӕн бавдесӕ видеоролик «Кӕцӕй ӕй зонӕн, Библи Хуцауи Дзурд ке ӕй?» ӕма ин е ’ргом раздахӕ пъланмӕ «Библи – Хуцауи Дзурд»