Йеговӕбӕл дӕ зӕрдӕ дарӕ ӕма хуарз гъуддӕгтӕ кӕнӕ
«Ма хицӕ кӕнӕ, фудгъуддӕгтӕ ка кӕнуй, уонӕмӕ»
-
Фудгӕнгутӕ рӕстӕгмӕ куд ӕнтӕстгун ӕнцӕ, е дӕ ма фӕссайӕд ӕма уой туххӕй Йеговӕн минкъийдӕр лӕггадӕ кӕнун ма райдайӕ. Дӕ гъудитӕ еугурӕйдӕр уӕнтӕ Хуцауи арфӕдзийнӕдтӕбӕл ӕма дӕ рази ци ниссӕнттӕ исӕвардтай, уонӕбӕл
«Йеговӕбӕл дӕ зӕрдӕ дарӕ ӕма хуарз гъуддӕгтӕ кӕнӕ»
-
Естӕбӕл ку тухсай кенӕ ку дузӕрдуг кӕнай, уӕд ӕй федарӕй зонӕ Йеговӕ дин ке банхус кӕндзӕй. Е дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй еузӕрдонӕй байзайай
-
Хуарз хабар игъосун кӕнуни гъуддаги зӕрдиагӕй архайӕ
«Йеговӕ уӕд де ’стур цийнӕ»
-
Библи кӕсунмӕ ӕма ибӕл сагъӕс кӕнунмӕ рӕстӕг хецӕн кӕнӕ, цӕмӕй Йегови хуӕздӕр базонай
«Дӕ над Йегови барӕ бакӕнӕ»
-
Иронх ди ма уӕд, цийфӕнди зин уавӕри ку уай, уӕддӕр дӕ Йеговӕ нӕ ниууадздзӕй
-
Дӕ нихмӕ ку цӕуонцӕ, дӕ фӕдбӕл ку зелонцӕ кенӕ дин дӕ фудкой ку кӕнонцӕ, уӕддӕр де ’гъдауӕй фӕнзуйнаг уо
«Йегови рази ӕнӕдзоргӕй лӕууӕ ӕма имӕ зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ»
-
Дӕхе хезӕ ӕнӕргъуди миутӕй, цӕмӕй дӕ цийнӕдзийнадӕ ма фесӕфа ӕма Йеговӕй ма раидард уай
«Сабур адӕн... зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ»
-
Сӕрниллӕгӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ, Йеговӕ фуддзийнадӕн кӕрон кӕд искӕндзӕй, уомӕ
-
Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти федар кӕнӕ, ӕ нифс кӕмӕн басастӕй, уонӕн ба сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнисӕ, Хуцауи нӕуӕг дуйне къӕсӕрбӕл ке ӕй, уой