Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Ниййергутӕ, уӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнтӕ, цӕмӕй ӕнтӕстгун уонцӕ

Ниййергутӕ, уӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнтӕ, цӕмӕй ӕнтӕстгун уонцӕ

Киристон ниййергутӕ бӕллунцӕ, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнттӕ Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнонцӕ. Уой туххӕй гъӕуама сӕ бӕдӕлттӕн банхус кӕнонцӕ Библий рӕстдзийнадӕ бауарзун (Д.з 6:7; Ӕм 22:6). Цума е ӕнцон ӕй? Нӕй! Фал е цийфӕнди хъиамӕти аккаг дӕр ӕй (3Ин 4).

Ниййергутӕн Иосиф ӕма Мӕрийӕ берӕ гъуддӕгти ӕнцӕ фӕнзуйнаг. Етӕ «алли анз дӕр цудӕнцӕ Йерусалиммӕ Комуадзӕни бӕрӕгбонмӕ», кӕд сӕ уой туххӕй бахъиамӕт кӕнун ӕма ӕхца бахарз кӕнун гъудӕй, уӕддӕр (Лк 2:41). Бӕрӕг ӕй, Иосиф ӕма Марийӕн фиццаг бунати ке адтӕй, цӕмӕй сӕ бийнонтӕ Йеговӕмӕ хӕстӕг кодтайуонцӕ. Раст гъе уотӕ абони дӕр ниййергути бон ӕй сӕ сувӕллӕнтти раст надбӕл аразун ӕма алли уавӕрӕй дӕр пайда кӕнун, цӕмӕй сӕ ахур кӕнонцӕ, дзурдӕй дӕр ӕма сӕхе цӕветтонӕй дӕр (Пс 127:3–5).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «АЛЫ ФАДАТӔЙ ДӔР ПАЙДА КОДТОЙ» ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ:

  • Джон ӕма Шэрон Шиллертӕ сӕ сувӕллӕнтти ку гъомбӕл кодтонцӕ, уӕд куд архайдтонцӕ, цӕмӕй син сӕ царди Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун фиццаг бунати уа?

  • Ниййергутӕ сӕ сувӕллӕнтти гъомбӕл кӕнгӕй аллихузти цӕмӕн гъӕуама архайонцӕ?

  • Ниййергутӕн сӕ бон куд ӕй сӕ сувӕллӕнттӕн банхус кӕнун, цӕмӕй федар фӕллӕууонцӕ, се ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд ку цӕуа, уӕд?

  • Йегови организаци нин ци косӕнгӕрзтӕ дӕттуй, уонӕй кӕцитӕй пайда кӕнис, цӕмӕй дӕ сувӕллӕнттӕн Йегови ӕмбӕлттӕ исунмӕ банхус кӕнай?

Уӕ бийнонтӕн Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун фиццаг бунати уӕд