Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Социалон сетьтӕ – се ’скъӕппӕгутӕй дӕхе хезӕ

Социалон сетьтӕ – се ’скъӕппӕгутӕй дӕхе хезӕ

Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ. Косӕндзаумӕуттӕй беретӕ адӕймагӕн айдагъ пайда нӕ хӕссунцӕ, фал ма зиан дӕр. Уотӕ ’й сӕ хабар социалон сетьтӕн дӕр. Еуӕй-еу киристӕнттӕ социалон сетьтӕй нӕ пайда кӕнунцӕ. Иннетӕ ба си пайда кӕнунцӕ, цӕмӕй сӕ хӕстӕгути ӕма се ’мбӕлтти хӕццӕ дзоронцӕ ӕма сӕмӕ финсонцӕ. Фал Сайтани фӕндуй, цӕмӕй социалон сетьтӕй уотӕ пайда кӕнӕн, цӕмӕй нӕ ном фегадӕ уа ӕма Йеговӕй раидард уӕн. Цӕмӕй зонӕн, тӕссаг нин цӕмӕй ӕй, уой ӕма скъӕппӕги ма бахауӕн, уой туххӕй гъӕуама Киристей хузӕн архайӕн Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ (Лк 4:4, 8, 12).

НӔХЕ ЦӔМӔЙ ГЪӔУАМА ХЕЗӔН

  • Социалон сетьтӕбӕл ӕгӕр берӕ рӕстӕг харз кӕнун. Ӕгӕр берӕ рӕстӕг сӕбӕл ку харз кӕнӕн, уӕд нин ӕууӕндундзийнади хӕццӕ баст гъуддӕгтӕн рӕстӕг нӕбал уодзӕй.

    Библий уагӕвӕрдтӕ: Еф 5:15, 16; Фп 1:10

  • Ӕууӕндундзийнадӕн тӕссаг цӕмӕй ӕй, уӕхӕн цӕмӕдӕрти кӕсун. Ихӕлд хузтӕмӕ ку кӕсӕн, уӕд, ка ’й зонуй, порнографимӕ кӕсунбӕл фӕййахур уодзиан кенӕ нӕ е ӕнӕгъдаудзийнадӕмӕ дӕр ӕркӕндзӕй. Раст дин ка ниууагъта, уони сайттӕмӕ ку кӕсӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕн фехӕлунӕй тӕссаг уодзӕй.

    Библий уагӕвӕрдтӕ: Мф 5:28; Фп 4:8

  • Ӕнӕгъдау комментаритӕ ӕма хузтӕ. Зӕрдӕ мӕнгард ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ, ка ’й зонуй, адӕймаги бафӕнда социалон сетьти ӕнӕгъдау комментаритӕ ниффинсун кенӕ уӕхӕн хузтӕ ниввӕрун. Фал уой туххӕй, ка ’й зонуй, еске ном фегадӕ уа кенӕ ба ескӕмӕн къахкъуӕрӕн дӕр исуӕн.

    Библий уагӕвӕрдтӕ: Ро 14:13; Еф 4:29

БАКӔСЕТӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «СОЦИАЛОН СЕТЬТӔЙ ЛӔДӔРГӔЙ ПАЙДА КӔНӔ» ӔМА РАДЗУБАНДИ КӔНТӔ, УӔ БОН КУД ӔЙ УӔХЕ АЦИ УАВӔРТӔЙ БАХЕЗУН: