НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Киристей къахвӕдтӕбӕл цо
Киристе нин фӕнзуйнаг ӕй, уӕлдайдӕр ба зиндзийнӕдти рӕстӕг кенӕ ӕфхуӕрд ку ӕййафӕн, уӕд (1Пт 2:21–23). Кӕд Киристей дзурдӕй бафхуӕриуонцӕ, уӕддӕр е ба некӕд неке ӕфхуардта, кӕд ин хъӕбӕр зин фӕууидӕ, уӕддӕр (Мк 15:29–32). Федарӕй фӕллӕуунмӕ ин ци банхус кодта? Хъӕбӕр ӕй фӕндадтӕй Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнун (Ин 6:38). Удта ӕ каст алкӕддӕр адтӕй, «ци цийнӕдзийнадӕ имӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй», уомӕ (Дзт 12:2).
Нӕ дини туххӕй нӕ ку фефхуӕрунцӕ, уӕд нӕхе куд фӕддарӕн? Ӕцӕг киристӕнттӕ лӕгъуздзийнадӕ лӕгъуздзийнадӕй некӕмӕн фӕффедунцӕ (Ро 12:14, 17). Ӕфхуӕрд ӕййафгӕй Киристей хузӕн ку фӕййархайӕн, уӕд цийнӕ фӕккӕнӕн, уомӕн ӕма ни уӕд Хуцау арази фӕууй (Мф 5:10–12; 1Пт 4:12–14).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔППӔТЫ СӔЙРАГДӔР У ЙЕГЪОВӔЙЫ НОМ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Хуӕрӕ Гертруд Пётцингер ахӕстдони камери еунӕгӕй ку бадтӕй, уӕд ӕ рӕстӕгӕй лӕдӕргӕй куд пайда кодта?
-
Хуӕрӕ ӕма ӕнсувӕр Пётцингер хецӕн концлагерти бадгӕй цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕ бавзурстонцӕ?
-
Федарӕй фӕллӕуунмӕ син ци банхус кодта?