НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Йеговӕ ци рагъуди кӕндзӕй?
Унаффитӕ ку фӕххӕсис, уӕлдай нӕй, ӕхсидзгӕ фӕуунцӕ ӕви нӕ, уӕд дӕхе бафӕрсис: «Йеговӕ ци рагъуди кӕндзӕй?» Кӕд, Йеговӕ куд сагъӕс кӕнуй, уой кӕронмӕ некӕд балӕдӕрдзиан, уӕддӕр нӕ ӕ фӕндони туххӕй цидӕриддӕр зонун гъӕуй, уой нин раргом кодта ӕ Дзурди фӕрци, цӕмӕй «алли хуарз гъуддагмӕ дӕр» цӕттӕ уӕн (2Тм 3:16, 17; Ро 11:33, 34). Киристе хуарз лӕдӕрдтӕй, Йегови фӕндон цӕй медӕг ӕй, ӕма ин царди ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнунӕй ӕхсидзгӕдӕр неци адтӕй (Ин 4:34). Гъӕйдӕ мах дӕр Киристей фӕнзӕн ӕма не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй, Йегови зӕрдӕ кӕмӕй рохс кӕндзӕй, уӕхӕн унаффитӕ хӕссӕн (Ин 8:28, 29; Еф 5:15–17).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «БАМБАРУТ-ИУ, ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔНДОН ЦӔЙ МИДӔГ ИС, УЫЙ (ЛЕВ. 19:18)» ӔМА АЦИ ФАСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Нӕ цард Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕмӕн гъӕуама аразӕн?
-
Цӕхуӕн музыкӕмӕ игъосдзӕн, уой ниллух кӕнунмӕ мин Библийӕй цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ?
-
Ме ’ндаг бакаст ӕма мӕ уӕледарӕс цӕхуӕн уодзӕнцӕ, уой ниллух кӕнунмӕ мин Библийӕй цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ?
-
Царди ма нӕ цӕхуӕн уавӕрти гъӕуй Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ архайун?
-
Йеговӕ аллихузи гъуддӕгтӕмӕ ци цӕстӕй кӕсуй, уой хуӕздӕр балӕдӕрунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй?