«Фӕсномуг гъуди» кӕмӕн ес, еци хабӕрттӕй ци ес базонӕн?
Апостол Павел аци «фӕсномуг гъудий» фӕрци балӕдӕрун кодта, нӕуӕг бадзурд Закъони бадзурдӕй берӕ хуӕздӕр ке адтӕй. Киристе ӕма ӕ хӕццӕ паддзӕхтӕ ка уодзӕй, уони дӕлбарӕ ӕгас адӕнтӕ дӕр иссӕребарӕ уодзӕнцӕ тӕрегъӕдӕй, ӕнӕнхӕстдзийнадӕй, мастӕй ӕма мӕлӕтӕй (Ис 25:8, 9).
ЦАГЪАР-СИЛГОЙМАГ АГАРЬ Моисеййи закъони бадзурд ка ӕнхӕст кодта, еци Израили адӕн. Сӕ сӕйраг горӕт адтӕй Йерусалим |
САРРӔ – СӔРЕБАРӔ СИЛГОЙМАГ Уӕларвон Йерусалим – Йегови организаций уӕларвон хай |
АГАРИ «СУВӔЛЛӔНТТӔ» Киристебӕл ка нӕ баууӕндтӕй ӕма ӕ нихмӕ ка рацудӕй, еци дзиуиттӕгтӕ (Моисеййи Закъон ӕнхӕст кӕндзиан, зӕгъгӕ, дзурд ка равардта, еци адӕн) |
САРРИ «СУВӔЛЛӔНТТӔ» Киристе ӕма 144 000 исӕрст киристони |
МОИСЕЙЙИ ЗАКЪОНИ БАДЗУРДИ ЦАГЪАРТӔ Моисеййи закъон израилӕгтӕн сӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кодта, тӕрегъӕди цагъартӕ ке ’нцӕ |
НӔУӔГ БАДЗУРД ДӔТТУЙ СӔРЕБАРӔДЗИЙНАДӔ Киристей нивондбӕл ка ӕууӕндуй, етӕ иссӕребарӕ ӕнцӕ, Моисеййи закъонмӕ гӕсгӕ сӕбӕл ци ӕлгъист адтӕй, уомӕй |