Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ

Дзурд ку раттай, уӕд ӕй исӕнхӕст кӕнӕ

Дзурд ку раттай, уӕд ӕй исӕнхӕст кӕнӕ

Адӕймаг Йеговӕн дзурд ратдзӕй ӕви нӕ, е ӕхе барӕ адтӕй. Фал ин дзурд ку раттидӕ, уӕд ӕй гъӕуама ӕнӕмӕнгӕй исӕнхӕст кодтайдӕ (Нм 30:2; it-U «Обет», 4 абз.)

Дзурд раттунмӕ ма хауй, адӕймаг цидӕр ке нӕ кӕндзӕй, уой туххӕй ку расоми кӕнуй, е (кӕд лӕгъуз цидӕр нӕ фӕууй, уӕддӕр) (Нм 30:3, 4; it-U «Обет», 1 абз.)

Нӕ рӕстӕги еске Йеговӕн дзурд ку раттуй, уӕд ӕрмӕстдӕр Йегови рази фӕддӕттуй дзуапп (Нм 30:6–9; w04-U 1/8 27 ф., 3 абз.)

Киристон адӕймаг ӕ царди ци дзурдтӕ раттуй, уонӕй тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр ӕнцӕ дууӕ: ӕхе Йеговӕн ку иснивонд кӕнуй, уӕд ци дзурд раттуй, е ӕма ӕ цардӕмбалӕн ци дзурд раттуй, е.

ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Ци дзурдтӕ равардтон, уони ӕнхӕст кӕнун?»