НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Уӕ бийнонти ке уарзетӕ, е уӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг уӕд
Уарзондзийнадӕ бийнонти кӕрӕдзебӕл федар бӕттуй. Уарзондзийнади фӕрци бийнонтӕ кӕрӕдзей хӕццӕ еумӕ ӕмгуст кӕнунцӕ. Лӕгтӕ, уоститӕ ӕма ниййергутӕ сӕ бийнонти ке уарзунцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?
Ӕ бийнойнаги ка уарзуй, уӕхӕн сӕрихецау фулдӕр ӕ бийнойнагбӕл фӕссагъӕс кӕнуй, ӕ гъудийӕн ин фӕййаргъ кӕнуй ӕма е ’нкъарӕнтӕмӕ лӕмбунӕг фӕууй (Еф 5:28, 29). Уӕхӕн лӕг ӕ бийнонти фӕддаруй, удта син фенхус кӕнуй, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнонцӕ, зӕгъӕн, фӕййархайуй, цӕмӕй сӕмӕ алли къуӕре дӕр бийнонти ахур уа (1Тм 5:8). Ӕ сӕрихецауи ка уарзуй, уӕхӕн бийнойнаг ӕ лӕги нимайуй ӕма ин ӕ дзурдмӕ фегъосуй (Еф 5:22, 33; 1Пт 3:1–6). Лӕг дӕр ӕма уосӕ дӕр гъӕуама кӕрӕдземӕн зӕрдӕй хатир кӕнунмӕ цӕттӕ уонцӕ (Еф 4:32). Сӕ сувӕллӕнтти ка уарзуй, уӕхӕн ниййергутӕ алли сувӕллонӕн дӕр рӕстӕг хецӕн кӕнунцӕ ӕма син ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй Йегови бауарзонцӕ (Д.з 6:6, 7; Еф 6:4). Етӕ ’й фӕззонунцӕ, сӕ сувӕллӕнттӕ скъолай цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ ӕма, цӕмӕй се ’нгӕртти зундбӕл ма рацӕуонцӕ, уой туххӕй ци кӕнунцӕ, уой. Бийнонти астӕу алкедӕр уарзондзийнадӕ гъуддӕгтӕй ку ’вдеса, уӕд алкӕмӕндӕр хуарз уодзӕй.
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УАРЗОНДЗИНАД ӔВДИСӔМ НӔ БИНОНТЫ ’ХСӔН» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Нӕлгоймагӕн ӕ бон куд ӕй ӕвдесун, ӕ бийнойнаги ке уарзуй, уой?
-
Бийнойнагӕн ӕ бон куд ӕй ӕвдесун, ӕ сӕрихецауи ке нимайуй, уой?
-
Ниййергути бон куд ӕй сӕ сувӕллӕнтти зӕрдити Хуцауи дзурд ӕвӕрун?