Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ

«Дӕ Хуцау Йеговӕ дӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?»

«Дӕ Хуцау Йеговӕ дӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?»

Мах Хуцаумӕ игъосӕн, ке ’й нимайӕн ӕма ’й ке уарзӕн, уой туххӕй (Д.з 10:12; w09-U 1/10 10 ф., 3, 4 абз.)

Йеговӕ арфӕ кӕнуй, ка имӕ игъосуй, уонӕн (Д.з 10:13; w09-U 1/10 10 ф., 3, 4 абз.)

Йегови фӕндуй, цӕмӕй е ’мбӕлттӕ уӕн (Д.з 10:15; cl-U 16 ф., 2 абз.)

Кӕд Йегови фӕндуй, цӕмӕй имӕ игъосӕн, уӕддӕр нин туххӕй неци кӕнун кӕнуй. Фӕндуй ӕй, цӕмӕй имӕ «зӕрдӕй игъосӕн», уарзгӕ ’й ке кӕнӕн, уой туххӕй (Ро 6:17). Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ равзурстонцӕ царди тӕккӕ хуӕздӕр над, ӕма уобӕл некӕд рафӕсмон кӕндзӕнцӕ!