Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

«Фӕстаг бӕнттӕн» сӕ фӕстаг бӕнттӕмӕ цӕттӕ дӕ?

«Фӕстаг бӕнттӕн» сӕ фӕстаг бӕнттӕмӕ цӕттӕ дӕ?

Мах цӕрӕн «фӕстаг бӕнттӕн» сӕ фӕстаг бӕнтти рӕстӕг. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма бӕллӕхтӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕндзӕнцӕ (2Тм 3:1; уӕлӕнхасӕн ӕрмӕг Мф 24:8 стихмӕ, nwtsty-OSS). Ести бӕллӕх ку ’рцӕуй, уӕд нин Йегови организаци уайтагъддӕр разамунд раттуй, куд гъӕуама архайӕн, уой фӕдбӕл. Федӕни нӕмӕ ци бӕллӕхтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уони сӕрти рахездзиан ӕви нӕ, е кӕнгӕ ’й, нур разамундмӕ гӕсгӕ архайӕн ӕви нӕ, уомӕй. Дӕхе бацӕттӕ кӕнӕ ӕма де ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнӕ (Лк 16:10).

  • Де ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнӕ. Алли бон дӕр Библи кӕсӕ ӕма ’й лӕмбунӕг ӕртасӕ. Аллихузи игъосун кӕнуни мадзӕлттӕй пайда кӕнӕ. Цӕхуӕндӕр бӕллӕх ку райдайа, ӕма дӕ рази хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ку нӕ уа, уӕд ма тухсӕ (Ис 30:15). Макӕд иронх кӕнӕ: Йеговӕй ӕма дӕ Киристейӕй неци фӕххецӕн кӕндзӕй (od-OSS 176 ф., 15–17 абз.).

  • Дӕхе бацӕттӕ кӕнӕ. Бӕллӕхи рӕстӕг дӕ ци багъӕудзӕй, уой гъӕуама сумки цӕттӕй дарай. Уомӕй уӕлдай ма дӕмӕ хӕдзари гъӕуама уа фагӕ хуӕруйнаг, дон, хуастӕ ӕма ӕндӕр гъӕугӕ дзуаматӕ, цӕмӕй, цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг дӕ бон хӕдзарӕй рацӕун ку нӕ уа, уӕд ма батухсай (Ӕм 22:3; g17.5-U 4, 6).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔРДЗОН БӔЛЛӔХТӔМ ЦӔТТӔ ДӔ?» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Нӕ бон куд ӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун ӕма нин е бӕллӕхи рӕстӕг куд банхус кӕндзӕй?

  • Цӕмӕн ӕй ӕхсидзгӕ:

    • хестӕр нӕлгоймӕгтӕн нӕ телефони номер ӕма нӕ адрес раттун?

    • бӕллӕхи рӕстӕг нӕ ци багъӕудзӕй, уой сумки цӕттӕй дарун?

    • кӕми цӕрӕн, уоми цӕхуӕн ӕрдзон бӕллӕхтӕй тӕссаг ӕй ӕма, ести бӕллӕх ку ’рцӕуа, уӕд куд гъӕудзӕй архайун, уой туххӕй радзорун?

  • Ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уонӕн нӕ бон цӕхуӕн ӕртӕ гъуддагеми ӕй банхус кӕнун?

РАСАГЪӔС КӔНӔ: «Коронавируси хабарӕй куд рабӕрӕг ӕй, бӕллӕхтӕмӕ нӕхе рагацау цӕттӕ кӕнун ӕхсидзгӕ ке ӕй?»