Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Дӕ лӕгъуз фӕндти фӕдбӕл ма цо

Дӕ лӕгъуз фӕндти фӕдбӕл ма цо

Ӕнӕнхӕст ке ан, уомӕ гӕсгӕ нӕ гъӕуй алкӕддӕр нӕхебӕл хуӕцун. Нӕ лӕгъуз фӕндти фӕдбӕл ку рацӕуӕн, уӕд ни Йеговӕ арази нӕбал уодзӕй. Зӕгъӕн, кӕмӕндӕрти Хуцауӕй хъазардӕр исунцӕ хуӕрдӕ, дзаумӕуттӕ ӕма сӕ хӕдзарӕ. Иннетӕ ба Хуцауи закъони сӕрти рахезунцӕ сӕ ӕнӕгъдау фӕндти туххӕй (Ро 1:26, 27). Кедӕрти ба гъе уотӕ хъӕбӕр фӕндуй, цӕмӕй сӕ нимайонцӕ, ӕма уой туххӕй иннети зундбӕл рацӕунмӕ дӕр цӕттӕ фӕуунцӕ (Рц 23:2).

Ци ӕй дӕ бон кӕнун, цӕмӕй лӕгъуз фӕндти фӕдбӕл ма рацӕуай? Гъӕуама ӕгас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй не ’ргом ӕздахӕн, Йегови хӕццӕ баст ци ӕй, уомӕ (Мт 4:4). Удта хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й Йеговӕй хъаурӕ корун, цӕмӕй нин ӕнхус кӕна нӕ лӕгъуз фӕндти хӕццӕ тох кӕнун. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма ’й Йеговӕ зонуй, хуӕздӕр нин ци уодзӕй, уой, ӕма ӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ка ’й, уӕхӕн фӕндтӕ ӕ рӕстӕги исӕнхӕст кӕндзӕй (Пс 145:16).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ТАМАКУ ДИН ХЕЦАУ МА ИСУӔД» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:

  • Еуӕй-еуетӕ тамаку цӕмӕн думунцӕ?

  • Тамаку ку думай, уӕд е де ’нӕнездзийнадӕбӕл куд рабӕрӕг уодзӕй?

  • Ӕнӕуой тамаку ӕма электронон тамаку дӕр думун лӕгъуз цӕмӕн ӕй? (2Кр 7:1)

  • Дӕ бон ӕй тамакуйӕн «нӕъ» загъун!

    Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй тамаку думун ма райдайай, фал кӕд думун райдӕдтай, уӕд ӕй ниууадзун?