ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Ӕнӕгъдау фӕндтӕ дӕбӕл ма фӕхъхъӕбӕрдӕр уӕнтӕ
Давид ӕнӕгъдау фӕндтӕн ӕ зӕрди бунат искодта (2См 11:2–4; w21.06 17 ф., 10 абз.)
Давид ӕ фудгъуддаг баримӕхсунмӕ ӕ бартӕй испайда кодта (2См 11:5, 14, 15; w19.09 17 ф., 15 абз.)
Давидӕн ӕ рӕдуд хъӕбӕр хъазар ислӕудтӕй (2См 12:9–12; w18.06 16 ф., 7 абз.)
Цӕмӕй, ӕнӕгъдау ци ӕй, уомӕ ма кӕсӕн ӕма ибӕл ма сагъӕс кӕнӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕхебӕл хуӕцун зонӕн (Га 5:16, 22, 23). Йеговӕ нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй лӕгъуз фӕндтӕ нӕ зӕрди бунат ма искӕнонцӕ.
ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Ци мӕ гъӕуй феййевун, цӕмӕй ме ’гас сагъӕстӕ дӕр Йегови зӕрдӕмӕ цӕуонцӕ?»