Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

«Уарзондзийнадӕ... раст ци нӕй, уобӕл нӕ цийнӕ кӕнуй»

«Уарзондзийнадӕ... раст ци нӕй, уобӕл нӕ цийнӕ кӕнуй»

Ӕцӕг киристӕнтти цийфӕнди хуарз гъуддагмӕ дӕр гъӕуама разӕнгард кӕна уарзондзийнадӕ. Уарзондзийнадӕ, «раст ци нӕй, уобӕл нӕ цийнӕ кӕнуй» (1Кр 13:4, 6). Уомӕ гӕсгӕ мах нӕхе хезӕн, ӕнӕгъдаудзийнадӕ ӕма тухмиуӕ ’вдист кӕми цӕуй, уӕхӕн ерхӕфсӕнтӕй. Удта нӕ зӕрдихудти ка бацудӕй, уӕхӕн адӕймагбӕл ести ку ’рцӕуа, уӕд дӕр нин ӕхцӕуӕн нӕ уодзӕй (Ӕм 17:5).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ПОМНИТЕ, ЧТО ИСТИННАЯ ЛЮБОВЬ НЕ РАДУЕТСЯ НЕПРАВЕДНОСТИ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:

  • Саул ӕма Ионафан ке рамардӕнцӕ, уомӕ Давид цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй?

  • Давид Саул ӕма Ионафанбӕл цӕхуӕн зар ниффинста?

  • Давид Саули мӕлӕтбӕл цӕмӕннӕ цийнӕ кодта?