Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Ести, уӕд змӕнститӕмӕ цӕттӕ дӕ?

Ести, уӕд змӕнститӕмӕ цӕттӕ дӕ?

Аци дуйней кӕрон куд хӕстӕгдӕргӕнгӕ цӕуй, уотӕ теракттӕ, тугъдтитӕ ӕма аллихузи змӕнститӕ фулдӕр кӕндзӕнцӕ (Рар 6:4). Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй еци рӕстӕгутӕмӕ нӕхе бацӕттӕ кӕнӕн?

  • Еузӕрдонӕй байзайунмӕ дин ци банхус кӕндзӕй? Библий хабӕрттӕ ӕртасӕ. Етӕ дин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл федарӕй ӕууӕндай ӕма змӕнстити рӕстӕг маке фарс ислӕууай (Ӕм 12:5; jr-U 125, 126 фф., 23, 24 абз.). Уомӕй уӕлдай ма хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл дӕхе бӕттун (1Пт 4:7, 8).

  • Фиццаг рӕстӕг цӕмӕй цӕрдзӕнӕ, уой сагъӕс бакӕнӕ. Лӕмбунӕг расагъӕс кӕнӕ, змӕнстити рӕстӕг хӕдзарӕй рацӕуӕн ку нӕ уа, уӕд цӕмӕй цӕрдзӕнӕ, уобӕл. Гъӕуама дӕмӕ уа фагӕ хуӕруйнаг, дон, хуастӕ ӕма ӕндӕр гъӕугӕ дзаумӕуттӕ. Ледзун ку багъӕуа, уӕд куд кӕндзӕнӕ, уобӕл дӕр расагъӕс кӕнӕ. Бӕллӕхмӕ ке бацӕттӕ кодтай, еци сумкӕмӕ ӕркӕсӕ, гъӕугӕ дзаумӕуттӕ дин си куд уа, зӕгъӕн, перчаткитӕ, маскитӕ ӕма ӕхца. Хестӕр нӕлгомӕймӕгтӕй сӕ номертӕ райсӕ ӕма син дӕхе номертӕ дӕр раттӕ (Ис 32:2; g17.5-U 3–7).

Хуцаумӕ ке фӕрци хӕстӕг кӕнис, еци гъуддӕгтӕ змӕнстити рӕстӕг дӕр ма ниууадзӕ (Фп 1:10). Дӕ римӕхсӕн бунатӕй ӕндӕмӕ ма хезӕ, цалинмӕ дӕ ледзун нӕ багъӕуа, уӕдмӕ (Мф 10:16). Ци дӕмӕ ес, уомӕй иннетӕн дӕр хай кӕнӕ (Ро 12:13).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ГОТОВ ЛИ ТЫ К БЕДСТВИЮ?» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:

  • Йеговӕ нин бӕллӕхти рӕстӕг куд банхус кӕнуй?

  • Нӕ бон куд ӕй нӕхе бӕллӕхмӕ бацӕттӕ кӕнун?

  • Бӕллӕхи ка бахаудтӕй, уонӕн нӕ бон куд ӕй ӕнхус кӕнун?