Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Игъосун кӕнгӕй фӕстаг хабӕрттӕй пайда кӕнӕ

Игъосун кӕнгӕй фӕстаг хабӕрттӕй пайда кӕнӕ

Игъосун кӕнгӕй Киристе пайда кодта фӕстаг хабӕрттӕй, цӕмӕй адӕни ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕбӕл ахур кодтайдӕ (Лк 13:1–5). Дӕу бон дӕр ӕй фӕстаг хабӕрттӕй пайда кӕнун, цӕмӕй адӕни ’ргом Хуцауи Паддзахади хуарз хабармӕ ’здахай. Зӕгъӕн, дӕ бон ӕй адӕймаги хӕццӕ радзорун, ӕргътӕ уӕлӕмӕ куд хезунцӕ, адӕн наркотикти туххӕй куд исӕфунцӕ кенӕ цӕйбӕрцӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕма змӕнститӕ цӕуй, уобӕл кенӕ ба ӕндӕр естӕбӕл. Удта ин раттӕ, расагъӕс кӕнунмӕ ’й ка баразӕнгард кӕндзӕй, уӕхӕн фарста. Ӕнгъезуй ӕй бафӕрсун: «Куд дӕмӕ кӕсуй, ескӕд фӕууодзӕй..?» кенӕ «Куд дӕмӕ кӕсуй, ци ес бакӕнӕн, цӕмӕй..?» Удта ин еци фарстай фӕдбӕл Библийӕй стих бакӕсӕ. Адӕймаги фулдӕр базонун ку бафӕндӕуа, уӕдта ин бавдесӕ видеоролик кенӕ ин раттӕ, рӕстдзийнадӕ амонунмӕ нин ци косӕндзаумӕуттӕ ес, уонӕй ескӕци. Нӕ нисан ӕй, кӕмӕн игъосун кӕнӕн, уони зӕрдитӕмӕ над ерун. Гъӕйдӕ мадта «хуарз хабари туххӕй» ӕгас хъауритӕй архайӕн! (1Кр 9:22, 23).

Кӕми цӕрис, уоми адӕн цӕбӕл радзурдтайуонцӕ?