НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Дӕхемӕ Йегови цӕстӕй кӕсӕ
«Йеговӕн ӕ адӕн хӕссунцӕ цийнӕ» (Пс 149:4). Кӕд ӕнӕнхӕст ан, уӕддӕр нин Йеговӕ нӕ хуарз менеугутӕ уинуй, удта ’й зонуй, федӕни цӕхуӕн исуодзиан, уой. Фал нин еуӕй-еухатт зин фӕууй нӕхемӕ Йегови цӕстӕй кӕсун. Ка ’й зонуй, кадӕр, иннетӕ имӕ ци зӕрдӕ дарунцӕ, уой туххӕй ӕхемӕ нецӕййаг кӕсуй. Кадӕр ба ӕ раздӕриккон рӕдудтити туххӕй ӕхе хуӕруй ӕма ӕхе уой аккагбӕл нӕ нимайуй, цӕмӕй ӕй Йеговӕ уарза. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй уӕхӕн гъудитӕ ӕма ӕнкъарӕнти хӕццӕ тох кӕнӕн?
Иронх ди ма уӕд: Йеговӕ дӕмӕ адӕймаги цӕстӕй нӕ кӕсуй (1См 16:7). Е дӕ дӕхецӕй хуӕздӕр зонуй. Йеговӕ нӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ даруй, уой базонӕн ес Библи кӕсгӕй. Уой туххӕй гъӕуй Библий стихтӕ ӕма скъуддзӕгтӕбӕл сагъӕс кӕнун, уомӕн ӕма уонӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути куд берӕ уарзуй, е.
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УБЕЖДАЙ СВОЁ СЕРДЦЕ В ОДОБРЕНИИ ИЕГОВЫ» ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ:
-
Догъи ка лигъдӕй, еци биццеу ӕма ӕ фиди цӕветтонӕй куд зиннуй, Йеговӕ нӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ даруй, е?
-
Адӕймаг уӕззау тӕрегъӕд ку искӕнуй ӕма ку фӕййархайуй, цӕмӕй нӕуӕгӕй Йеговӕмӕ бахӕстӕг уа, уӕд ин ци банхус кӕндзӕй, Йеговӕ ’й ке уарзуй, уобӕл нӕуӕгӕй баууӕндун? (1Ин 3:19, 20)
-
Ӕнсувӕрӕн куд банхус кодта, Давид ӕма Иосафати цӕветтонтӕбӕл ке сагъӕс кодта, е?