НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Раст дин ка ниууагъта, уонӕй дӕхе гъӕуай кӕнӕ
Сайтан ӕма, ӕ зундбӕл ка цӕуй, еци адӕн рӕстдзийнадӕ ӕма мӕнгӕттӕ исхӕлӕмулӕ кӕнунцӕ, цӕмӕй, цӕбӕл ӕууӕндӕн, уобӕл гурусхӕ кӕнун райдайӕн (2Кр 11:3). Зӕгъӕн, ассирийӕгтӕ израилӕгти нифс басӕттуни туххӕй алци еугур рӕститӕ нӕ дзурдтонцӕ, удта ӕргом мӕнгӕттӕ дӕр дзурдтонцӕ (2Анз 32:10–15). Раст дин ка ниууагъта, етӕ дӕр абони уотӕ архайунцӕ. Сӕ ахурӕдтӕ маргӕй дӕр фуддӕр ӕнцӕ ӕма си дӕхе гъӕуай кӕнӕ! Цитӕ финсунцӕ, уони ма кӕсӕ, дзуапп син ма дӕттӕ, удта ци гъуди кӕнунцӕ, уой кой дӕр макӕмӕн кӕнӕ. Гъӕуама алкӕддӕр лӕмбунӕг уӕн ӕма рагацау ӕртасӕн, цӕхуӕндӕр информацийӕн ӕ нисан ци ӕй, уой. Куддӕр ӕй балӕдӕрай, ӕ нисан ке ӕй, цӕмӕй Йеговӕбӕл ӕма ӕ организацибӕл гурусхӕ кӕнун райдайай, уотӕ си дӕхе райеуварс кӕнисӕ (Иуд 3, 4).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДИ СӔРБӔЛ ТОХ КӔНТӔ» (СКЪУДДЗАГ) ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ:
-
Интернети цӕхуӕндӕр сайттӕмӕ ку бацӕуӕн, уӕд лӕмбунӕг цӕмӕн гъӕуама уӕн?
-
Ромӕгтӕмӕ 16:17 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕ бон куд ӕй архайун?