НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Библимӕ аудиоформати фегъосис?
Библи аудиоформати хуарз цӕмӕй ӕй? Нӕуӕгӕй кӕмӕ ӕркастӕнцӕ, еци «Нӕуӕг дуйней тӕлмац», аудиоформати сабургай рацӕуй аллихузи ӕвзӕгтӕбӕл. Дессаг уомӕй ӕй ӕма си алли архайӕгӕн дӕр ӕхе дзорӕг ес. Цӕмӕй, Библий ци финст ес, уой игъосгутӕ хуарз лӕдӕронцӕ, уой туххӕй ӕй кӕсунцӕ раст гъӕлӕси уагӕй ӕма раст ӕнкъарӕнти хӕццӕ.
Библимӕ аудиоформати игъосун пайда цӕмӕй ӕй? Берети зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццӕуй Библимӕ аудиоформати игъосун. Алли архайӕгӕн дӕр си ӕхе дзорӕг ке ес, уой фӕрци си ци финст ес, уой хуӕздӕр балӕдӕрунцӕ ӕма сӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, цума сӕхуӕдтӕ дӕр уоми равзурунцӕ (Ӕм 4:5). Иннетӕ ба тухст ку фӕуунцӕ, уӕд Библимӕ аудиоформати фегъосунцӕ ӕма син е банхус кӕнуй, цӕмӕй сӕ зӕрдӕ ӕрсабур уа (Пс 94:19).
Хуцауи Дзурдмӕ ку фегъосӕн, уӕд е нӕ цардбӕл хуарзӕрдӕмӕ фӕббӕрӕг уй (2Анз 34:19–21). Кӕд, ду ци ’взаг лӕдӕрис, еци ӕвзагбӕл Библи аудиоформати ес, уӕд имӕ дӕ бон н’ адтайдӕ алли бон дӕр игъосун?
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЗВУКОВАЯ ЗАПИСЬ БИБЛИИ» ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАБӔЛ:
Библи аудиоформати куд цӕттӕ кӕнунцӕ, уомӕй дӕ зӕрдӕмӕ ци фӕццудӕй?