НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Йеговӕ ӕй «седзӕрти Фидӕ»
Алли анз дӕр берӕ ӕригӕнттӕ исунцӕ Йегови ӕмбӕлттӕ (Пс 110:3). Кӕд ду дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнис, уӕд макӕд иронх кӕнӕ, берӕ дӕ ке уарзуй. Е дин дӕ зиндзийнӕдтӕ зонуй ӕма банхус кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй. Кӕд ӕнӕ мадӕ ма фидӕй исгъомбӕл дӕ, уӕд дӕ гъудий дарӕ, Йеговӕ «седзӕрти Фидӕ» ке ӕй (Пс 68:5). Йеговӕ дӕ ахур кӕнуй, ӕма уой фӕрци ибӕл дӕ бон уодзӕй еузӕрдонӕй байзайун, цийфӕнди уавӕрти ма уай, уӕддӕр (1Пт 5:10).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ОНИ УСПЕШНО БОРЮТСЯ ЗА ВЕРУ. ТЕ, КТО ВЫРОС В НЕПОЛНОЙ СЕМЬЕ» ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ:
-
Тамми, Чарлз ӕма Джиммий хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
-
Псалом 27:10 финст дзурдтӕ куд федар кӕнунцӕ, ӕнӕ мадӕ ма фидӕй ка исгъомбӕл ӕй, уони?