Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Экономикон уавӕр ку фӕффуддӕр уа, уомӕ цӕттӕ дӕ?

Экономикон уавӕр ку фӕффуддӕр уа, уомӕ цӕттӕ дӕ?

Ӕгас дуйнебӕл дӕр экономикон уавӕр фуддӕрӕй-фуддӕр ке кӕнуй, е нӕмӕ дессаг нӕ кӕсуй. Цӕмӕннӕ? Уомӕн ӕма мах фӕстаг бӕнттӕн сӕ кӕрони цӕрӕн. Удта ма нӕ Библи дӕр разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ, «ӕууӕнкӕ кӕбӕл нӕййес, еци гъӕздугдзийнадӕбӕл ма дарӕн» (1Тм 6:17; 2Тм 3:1). Иосафати цӕветтон нин куд ӕнхус кӕнуй уӕззау рӕстӕгутӕмӕ нӕхе бацӕттӕ кӕнун?

Знӕгтӕ Иосафати нихмӕ ку рацудӕнцӕ, уӕд ӕ нифс Йеговӕбӕл бадардта (2Анз 20:9–12). Удта ӕ адӕнбӕл рагацау батухстӕй: горӕттӕ бафедар кодта ӕма си исӕвардта ӕфсӕдтӕ (2Анз 17:1, 2, 12, 13). Махӕн дӕр нӕ бон ӕй Иосафати хузӕн архайун: нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун ӕма нӕхе уӕззау рӕстӕгутӕмӕ бацӕттӕ кӕнун.

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ГОТОВ ЛИ ТЫ К БЕДСТВИЮ?» ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ:

  • Нӕ бон куд ӕй нӕхе бӕллӕхмӕ бацӕттӕ кӕнун?

  • Нӕ бон ци ӕй бакӕнун, цӕмӕй иннетӕн банхус кӕнунмӕ цӕттӕ разиннӕн?