Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

6–12 маййи

ПСАЛОМТӔ 36, 37

6–12 маййи

87 зар ӕма кувд | Раздзурд (1 мин.)

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ

1. «Ма мӕстгун кӕнӕ фудгӕнгутӕмӕ»

(10 мин.)

Мах фудгӕнӕг адӕни туххӕй гъезӕмарӕ кӕнӕн (Пс 36:1–4; w17.04 10 ф., 4 абз.).

Нӕ зӕрди сӕмӕ маст ку дарӕн, уӕд нӕхецӕн фуддӕр кӕндзиан (Пс 37:1, 7, 8; w22.06 10 ф., 10 абз.).

Йеговӕ алцидӕр ке исраст кӕндзӕй, уобӕл ке ӕууӕндӕн, уой фӕрци нӕ зӕрди ес фарнӕ (Пс 37:10, 11; w03-U 1/12 13 ф., 20 абз.).

ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Фуддзийнадӕ ӕвдист кӕми цӕуй, уӕхӕн хабӕрттӕмӕ ӕгӕр берӕ нӕ фӕккӕсун?»

2. Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай

(10 мин.)

  • Пс 36:6. Псаломзаргӕнӕги аци дзурдтӕй, «дӕ рӕстдзийнадӕ ӕй де ’сконд хуӕнхти хузӕн», зӕгъгӕ, ӕвӕдзи, ци зӕгъун фӕндадтӕй? (it-1-U 505 ф., 4 абз.)

  • Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕми цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?

3. Библи кӕсӕн

АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ

4. Дзубанди ку райдайай

(3 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРӔМӔ. (lmd 1 урок, 5 пункт).

5. Адӕймаги нӕуӕгӕй ку бабӕрӕг кӕнай

(4 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС, ФАДУАТ ДИН ФӔЗЗИНДТӔЙ, УОТЕМӔЙ. Раздӕр Библи ахур кӕнунбӕл ка нӕ арази кодта, уӕхӕн адӕймагӕн Библий ахури туххӕй нӕуӕгӕй зӕгъӕ (lmd 9 урок, 4 пункт).

6. Радзубанди

(5 мин.) ijwbv-U 45. Темӕ: «Псалом 37:4 финст дзурдтӕ ци нисан кӕнунцӕ?» (th 13 урок).

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

33 зар

7. «Зин сахатмӕ» цӕттӕ дӕ?

(15 мин.) Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ.

Ӕрдзон бӕллӕхти туххӕй ӕма адӕни фудӕй ка ӕрцӕуй, уӕхӕн бӕллӕхти туххӕй ӕгас дуйнебӕл дӕр нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕ есбон фесафтонцӕ. Кӕмӕндӕр ба рамардӕй, берӕ ке уарзта, уӕхӕн адӕймаг (Пс 9:9, 10). Гъигагӕн, бӕллӕх кӕд ӕма кӕми ӕрцӕудзӕй, уой неке зонуй. Уомӕ гӕсгӕ имӕ гъӕуама цӕттӕ уӕн.

Гъӕуама бацӕттӕ кӕнӕн, бӕллӕхи рӕстӕг нӕ ци багъӕудзӕй, уой a. Нӕ гъудий ма ци гъӕуама дарӕн?

  • Лӕдӕргӕ уо. Бӕллӕхӕй хизт ке нӕ дӕ, уой дӕ гъудий дарӕ ӕма расагъӕс кӕнӕ, уӕхӕн уавӕри куд архайдзӕнӕ, уобӕл. Дӕ мулкбӕл баст ма уо. Уой фӕрци, ести бӕллӕх ку ’рцӕуа, уӕд, зундӕй архайдзӕнӕ ӕма дӕ хъауритӕ исараздзӕнӕ, цӕмӕй дӕхе цард дӕр ӕма иннети цард дӕр багъӕуай кӕнай (Рд 19:16; Пс 36:9). Уомӕй уӕлдай ма ӕнӕ нецӕмӕй ку байзайай, уӕд ӕгӕр нӕ маст кӕндзӕнӕ (Пс 37:19).

  • Де ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнӕ. Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ: Йеговӕмӕ ес хъаурӕ ӕма ’й фӕндгӕ дӕр кӕнуй, цӕмӕй дин банхус кӕна (Пс 37:18). Иронх ди ма уӕд, Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн алкӕддӕр ке ’нхус кӕндзӕй ӕма син разамунд ке дӕтдзӕй, цидӕриддӕр сӕмӕ ес, уой ку фесафонцӕ, уӕд дӕр (Йер 45:5; Пс 37:23, 24).

Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уобӕл ку нӕ гурусхӕ кӕнай, уӕд зин сахат дӕ «федар мӕсуг» исуодзӕй (Пс 37:39).

Бавдесӕ ВИДЕОРОЛИК «Готов ли ты к бедствию?». Уой фӕсте игъосгути бафӕрсӕ:

  • Йеговӕ нин бӕллӕхи рӕстӕг куд банхус кӕнуй?

  • Нӕ бон куд ӕй нӕхе бӕллӕхмӕ бацӕттӕ кӕнун?

  • Бӕллӕхи ка бахаудтӕй, уонӕн нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун?

8. Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 57 зар ӕма кувд