Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Дзубанди куд ес райдайӕн

Дзубанди куд ес райдайӕн

«АДӔЙМАГӔН ИСЧИ КУЫ АМӔЛЫ...»

Фарста: Куд дӕмӕ кӕсуй, аци дзурдтӕ ескӕд исӕнхӕст уодзӕнцӕ?

Стих: Рар 21:3, 4

Публикаци: Аци брошюри дзурд цӕуй, Хуцау аци дзурдтӕ куд исӕнхӕст кӕндзӕй ӕма е дӕуӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй, уобӕл.

«АДӔЙМАГӔН ИСЧИ КУЫ АМӔЛЫ...» (фӕстаг фарс)

Фарста: Дӕ хуарзӕнхӕй, ӕркӕсай мӕнӕ аци фарстамӕ. [16 фарсбӕл ци статья ес, уоми ин бавдесӕ фиццаг фарста ӕма ин арӕхдӕр ци дзуӕппитӕ фӕддӕттунцӕ, уони.] Ду ба ибӕл цӕхуӕн дзуапп раттисӕ?

Стих: Пс 83:18

Публикаци: Аци статьяй дзурд цӕуй, Библи ма нин Хуцауи номи туххӕй ци дзоруй, уобӕл.

АХУР КӔНӔ ПЪЛӔНТТӔЙ ПАЙДА КӔНУН

Фарста: Беретӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма дуйне Хуцауи къохи ӕй. Зонис ӕй, аци фарстай фӕдбӕл Библи ӕндӕрхузи ке зӕгъуй?

Стих: 1Ин 5:19

Публикаци: Аци пълан Библибӕл арӕзт ӕй ӕма си базонӕн ес, аци гъуддаги фӕдбӕл Библи ци зӕгъуй, уой. [Испайда кӕнӕ пъланӕй «Хуцау цӕмӕн уадзуй, цӕмӕй Сайтан аци дуйней хецау уа?» ӕма ибӕл радзубанди кӕнӕ.]

ДӔХУӔДӔГ ДЗУБАНДИ КУД РАЙДАИСӔ

Уӕлдӕр ци цӕветтонтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ ӕргъуди кӕнӕ, дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдаисӕ, уой