Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Нӕ сайтӕй куд ӕнгъезуй пайда кӕнун

Нӕ сайтӕй куд ӕнгъезуй пайда кӕнун

БИБЛИ ӔРТАСГӔЙ

  • Кӕсӕ Библи ӕма бони стих

  • Кӕсӕ «Ӕрвиланзон киунугӕ», нӕуӕг брошюритӕ ӕма ӕндӕр публикацитӕ

  • Ӕмбурдтӕмӕ цӕттӕ кӕнӕ ӕма дзуӕппитӕ баханхӕ кӕнисӕ

  • Видеороликтӕмӕ кӕсӕ

ФЕМБӔЛДИ

  • Ӕнсувӕр сценӕй ци стих кӕса, уой ду дӕр райгон кӕнисӕ. Ку багъӕуа, уӕд, «Истори» финст кӕми ес, уордӕмӕ бацо ӕма уой размӕ ке райгон кодтай, еци стих уоми иссерӕ

  • Телефонӕй кенӕ планшетӕй пайда кӕнӕ, цӕмӕй дӕ ӕмбурдмӕ берӕ публикацитӕ хӕссун ма гъӕуа. Нӕ сайти ма ес, зарти киунуги ка нӕма ’нцӕ, еци зартӕ дӕр

ИГЪОСУН КӔНГӔЙ

  • Фулдӕр базонун ке фӕндуй, уӕхӕн адӕймагӕн дӕ телефони кенӕ планшети ести публикаци бавдесӕ, удта си ӕ электронон почти адрес райсӕ, цӕмӕй имӕ еци публикаци рарветай

  • Цӕмӕй Библий стих иссерай, уой туххӕй пайда кӕнӕ «Поиск», зӕгъгӕ, ка хуннуй, еци функцийӕй. Стихӕй си ести дзурд кенӕ дзурдбаст рафинсӕ ӕма ’й уотемӕй иссерӕ

  • Адӕймагӕн видеоролик бавдесӕ. Сувӕллӕнттӕ ин ку уа, удта син рубрикӕй «Йегъовӕйы ӕмбал су» ескӕци мультфильм бавдесӕ. Кенӕ ин бавдесӕ видеоролик «Библи ахур кӕнун цӕмӕн гъӕуй?», цӕмӕй ӕй Библи ахур кӕнунмӕ баразӕнгард кӕнай. Ӕндӕр ӕвзагбӕл ка дзоруй, уӕхӕн адӕймагӕн ба бавдесӕ видеоролик ӕхе ӕвзагбӕл

  • Адӕймагӕн Библийӕй стих ӕхе ӕвзагбӕл бакӕсӕ, рагацау ке рафинстай, еци тӕлмацӕй