Йеговӕ ӕ цатури ке баиуазӕг кӕндзӕй?
Йегови цатури иуазгутӕ ӕнцӕ е ’мбӕлттӕ, ка ибӕл ӕууӕндуй ӕма имӕ ка игъосуй, еци адӕн. 15 псалом лӕдӕрун кӕнуй, Йеговӕ е ’мбалбӕл ке нимайуй, уонӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй.
ЙЕГОВӔ КЕ БАИУАЗӔГ КӔНУЙ, Е ГЪӔУАМА...
-
уа еузӕрдон
-
рӕст ци ӕй, уой дзора, сауӕнгӕ ма ӕ зӕрди дӕр
-
е ’мкиристӕнттӕн кадӕ кӕна
-
ӕ дзурдӕн хецау уа, зин ку уа, уӕддӕр
-
ӕнхусгъӕуагӕ ка ӕй, уони фарсмӕ балӕууа, фӕстӕмӕ сӕмӕ мацӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕса, уотемӕй
ЙЕГОВӔ КЕ БАИУАЗӔГ КӔНУЙ, Е ГЪӔУАМА ӔХЕ ХЕЗА...
-
иннети фудкой кӕнунӕй
-
иннетӕн лӕгъуздзийнадӕ кӕнунӕй
-
е ’мкиристӕнттӕй ести сайунӕй
-
Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй ӕма имӕ ка не ’гъосуй, уони хӕццӕ лимӕн кӕнунӕй
-
гӕртан есунӕй