2–8 маййи
ИОВ 38–42
63 зар ӕма кувд
Раздзурд (3 мин. кенӕ минкъийдӕр)
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
«Йеговӕмӕ иннети туххӕй ку фӕкковӕн, уӕд ин е ӕхцӕуӕн фӕууй» (10 мин.)
Иов 42:7, 8. Йегови фӕндадтӕй, цӕмӕй Иов искувтайдӕ Елифаз, Вилдад ӕма Софари туххӕй (w13-OSS 15/6 21 ф., 17 абз. [bw535]; w98-U 1/5 30 ф., 3–6 абз.)
Иов 42:10. Иов уони туххӕй ку ракувта, уӕд ӕй Йеговӕ ӕ незӕй исдзӕбӕх кодта (w98-U 1/5 31 ф., 3 абз.)
Иов 42:10–17. Йеговӕ Иови ӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кодта, федарӕй ибӕл ке ӕууӕндтӕй ӕма ке нӕ басастӕй, уой туххӕй (w94-U 15/11 20 ф., 19, 20 абз.)
Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай (8 мин.)
Иов 38:4–7. «Сӕумон стъалутӕ» ка ’нцӕ ӕма уони туххӕй ци зонӕн? (w06-U 15/1 3; w14-OSS 15/1 8 ф., 3 абз. [bw542])
Иов 42:3–5. Нӕ бон куд ӕй Хуцауи уинун, Иов ӕй куд уидта, уотӕ? (w15-OSS 15/10 7, 8 фф., 16, 17 абз. [bw563])
Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕй Йегови туххӕй ци базудтон?
Аци къуӕре Библи кӕсгӕй ци гъудитӕ иссирдтон, уонӕй игъосун кӕнгӕй куд испайда кӕндзӕн?
Библи кӕсӕн (4 мин. кенӕ минкъийдӕр): Иов 41:1–26
АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ
Аци мӕйӕ дзубанди куд идайдзиан, уой цӕттӕ кӕнӕн (15 мин.). Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ. Бавдесӕ, игъосун кӕнгӕй дзубанди райдайӕн куд ес, уой туххӕй ӕгас видеороликтӕ дӕр ӕма сӕбӕл радзубанди кӕнтӕ. Игъосунгӕнгутӕ телефонтӕй ӕма планшеттӕй куд пайда кӕнунцӕ, уобӕл ку дзорай, уӕд ма син сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕ, статьяй «Нӕ сайтӕй куд ӕнгъезуй пайда кӕнун» ци гъудитӕ ес, уони. Зӕгъӕ, цӕмӕй хигъди финсонцӕ, мӕйи дӕргъи видеотӕ цал хатти бавдистонцӕ, уой. Игъосгути баразӕнгард кӕнӕ, цӕмӕй ӕргъуди кӕнонцӕ, игъосун кӕнгӕй дзубанди куд райдайдзӕнцӕ, уой.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
60 зар
«Нӕ сайтӕй фӕппайда кӕнис?» (15 мин.). Фиццаг бал фондз минутти дӕргъи статьябӕл радзубанди кӕнӕ. Удта бавдесӕ видеоролик «Нӕ сайтӕй пайда кӕнтӕ» ӕма ибӕл цубуртӕй радзубанди кӕнтӕ. Уой фӕсте ба бавдесӕ видеоролик «Публикацитӕ рафинсӕ» ӕма ибӕл цубуртӕй радзубанди кӕнтӕ. Игъосгути баразӕнгард кӕнӕ, цӕмӕй нӕ сайтӕй пайда кӕнонцӕ ӕма, 16 маййӕй райдайгӕ къуӕрей статья «Нӕ сайтӕй куд ӕнгъезуй пайда кӕнун», зӕгъгӕ, ку ӕвзарӕн, уӕдмӕ сӕ телефонтӕмӕ ӕма планшеттӕмӕ нӕ публикацитӕ рафинсонцӕ.
Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ (30 мин.): ia-OSS 14 сӕр, 14–22 абз. ӕма рамкӕ «Ахъуыды кӕн...»
Аци ӕма иннӕ къуӕрей ӕхсидзгӕ гъудитӕ (3 мин.)
77 зар ӕма кувд