Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | ПСАЛОМ 1–10

Цӕмӕй Йегови хӕццӕ фӕрнӕй цӕрӕн, уой туххӕй гъӕуама ӕ Фурт Йесо Киристейӕн кадӕ кӕнӕн

Цӕмӕй Йегови хӕццӕ фӕрнӕй цӕрӕн, уой туххӕй гъӕуама ӕ Фурт Йесо Киристейӕн кадӕ кӕнӕн

Адӕн Хуцауи ӕма Йесой нихмӕ ке цӕудзӕнцӕ, е рагацау загъд адтӕй

2:1–3

  • Рагацау загъд адтӕй, адӕн Йесой ке нӕ нимайдзӕнцӕ, фал сӕхе ке хецау кӕндзӕнцӕ

  • Еци пахампарадӕ исӕнхӕст ӕй, Киристе зӕнхӕбӕл ку цардӕй, еци рӕстӕг, фал хъӕбӕрдӕр ба ӕнхӕст кӕнуй мах рӕстӕги

  • Псаломзаргӕнӕг загъта, зӕгъгӕ, адӕн фӕндӕ кӕнунцӕ, «кӕмӕй неци рауайдзӕй, уӕхӕн гъуддаг»

Йеговӕй ӕвӕрд Паддзахӕн ка кадӕ кӕнуй, ӕрмӕстдӕр етӕ цӕрдзӕнцӕ ӕносмӕ

2:8–12

  • Хуцауӕй ӕвӕрд Паддзахи нихмӕ ка цӕуй, етӕ еугурӕйдӕр исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ

  • Хуцауи Фуртӕн ка кадӕ кӕнуй, етӕ цӕрдзӕнцӕ ӕдасӕй ӕма фӕрнӕй