Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

«Хуцау ци баеу кодта...»

«Хуцау ци баеу кодта...»

Моисеййи закъонмӕ гӕсгӕ, лӕг ӕ уосӕй ку хецӕн кӕнидӕ, уӕд гъӕуама бацӕттӕ кодтайдӕ гӕгъӕди, ке си хецӕн кӕнуй, уой туххӕй. Е гъудӕй, цӕмӕй лӕгтӕ хецӕн кӕнунмӕ ма тагъд кодтайуонцӕ. Фал Киристей рӕстӕги дини разамонгутӕ уотӕ искодтонцӕ, цӕмӕй адӕймагӕн ӕ цардӕмбалӕй рахецӕн ун ӕнцон адтайдӕ. Лӕгтӕн алцӕй туххӕй дӕр адтӕй барӕ сӕ уоститӕй хецӕн кӕнун (nwtsty-OSS, уӕлӕнхасӕн ӕрмӕг Мк 10:4, 11 стихтӕмӕ). Киристе загъта, бийнонти цардӕн Йеговӕ ӕхуӕдӕг ке ӕрӕвардта бундор (Мк 10:2–12). Лӕг ӕма уосӕ цӕрӕнбонтӕмӕ гъӕуама адтайуонцӕ «еу бауӕр». Аци хабари туххӕй ма финст ес Матфеййи киунуги дӕр, ӕма бӕрӕг ӕй, Финстадӕмӕ гӕсгӕ лӕг ӕма уосӕн рахецӕн кӕнуни барӕ ке ес, сӕ еуемӕ «хӕтуни лазӕ» ку уа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Мф 19:9).

Мах рӕстӕги адӕн бийнонти цардмӕ фарисейти цӕстӕй кӕсунцӕ, Киристей цӕстӕй нӕ, фал. Зиндзийнӕдтӕ син ку фӕззиннуй, уӕд уайтагъд хецӕн кӕнунбӕл фӕуунцӕ. Киристон лӕг ӕма уосӕ ба кӕрӕдземӕн ци дзурд раттунцӕ, уомӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ке нӕ кӕсунцӕ, уомӕ гӕсгӕ архайунцӕ, цӕмӕй зиндзийнӕдти сӕрти Библий унаффити фӕрци хезонцӕ. Бакӕсӕ видеороликмӕ «Бинонтӕ кӕрӕдзи куы уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн куы аргъ кӕной, уӕд ӕнгомдӕр уыдзысты» ӕма аци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ раттӕ:

  • Ӕмбесӕндтӕ 15:1 стихмӕ гӕсгӕ дӕ бон куд ӕй архайун, ӕма е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

  • Ӕмбесӕндтӕ 19:11 стих дин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй дӕхе зиндзийнӕдтӕй хезай?

  • Кӕд дӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма дӕ бийнонти цардӕй нецибал уайуй, уӕд рахецӕн уни бӕсти цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуй расагъӕс кӕнун?

  • Матфеййи 7:12 финст уагӕвӕрд дин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй хуӕздӕр сӕрихецау кенӕ хуӕздӕр бийнойнаг уай?