АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ | ИГЪОСУН КӔНУНИ ГЪУДДАГ УИН ФУЛДӔР ЦИЙНӔ ХӔССӔД
Библи ке хӕццӕ ахур кӕнтӕ, уонӕн ӕнхус кӕнтӕ сӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ ниууадзунмӕ
Хуӕрзӕгъдау цард ка кӕнуй, ӕрмӕстдӕр уӕхӕн адӕймаги бон ӕй Йегови ӕмбал исун (1Пт 1:14–16). Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, е ӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ ку ниууадза, уӕд ӕ бийнонти цард ӕма е ’нӕнездзийнадӕ фӕххуӕздӕр уодзӕй, ӕ хӕрзтӕ ба фӕмминкъийдӕр уодзӕнцӕ.
Адӕймагӕн лӕдӕрун кӕнӕ, Йеговӕ хуӕрзӕгъдаудзийнади фӕдбӕл ци уагӕвӕрдтӕ ӕрфедар кодта ӕма цӕмӕн. Удта ин лӕдӕрун кӕнӕ, уонӕмӕ гӕсгӕ цӕрун пайда цӕмӕн ӕй, уой. Адӕймагӕн банхус кӕнӕ, цӕмӕй ӕ зундахаст раййева ӕма раст куд ӕй, уотӕ архайа (Еф 4:22–24). Дзорӕ ин, Йегови фӕрци ин ке бантӕсдзӕй лӕгъуз гъуддӕгтӕ ниууадзун, кӕд сӕбӕл хъӕбӕр фӕййахур ӕй, уӕддӕр (Фп 4:13). Ӕ зӕрдӕбӕл ин лӕуун кӕнӕ, лӕгъуз естӕмӕ ӕ зӕрдӕ дзорун ку райдайа, уӕд еци фӕдбӕл Йеговӕй ӕнхус корун ке гъӕуй. Ахур ӕй кӕнӕ тӕссаг уавӕртӕ рагацау уинун ӕма си хе еуварс дарун. Разӕнгард ӕй кӕнӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ хуарз гъуддӕгтӕй ӕййевун. Адӕймаг Йегови фӕрци ӕ цард куд ӕййевуй, уой уингӕй ду дӕр хъӕбӕр цийнӕ кӕндзӕнӕ.
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «БИБЛИ КЕ ХӔЦЦӔ АХУР КӔНТӔ, УОНӔН ӔНХУС КӔНТӔ, ЦӔМӔЙ ЛӔГЪУЗ ГЪУДДӔГТӔ НИУУАДЗОНЦӔ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:
-
Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕма Нитӕ Джейдмӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕнцӕ, ку базудтонцӕ, ӕ раздӕриккон гъуддӕгтӕй кӕцидӕр ке нӕма ниууагъта, уӕд?
-
Нитӕ Джейдӕн куд банхус кодта?
-
Джейд Йеговӕй ӕнхус куд агурдта?