Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Интернети ке хӕццӕ лимӕн кӕнис?

Интернети ке хӕццӕ лимӕн кӕнис?

Хуарз ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзебӕл баст фӕуунцӕ ӕма кӕрӕдзебӕл сӕ зӕрдӕ фӕддарунцӕ. Зӕгъӕн, Давид ӕма Ионафан балимӕн ӕнцӕ, Давид Голиафбӕл ку фӕууӕлахез ӕй, уой фӕсте (1См 18:1). Сӕ дууемӕ дӕр си адтӕй, инней зӕрдӕмӕ ка цудӕй, уӕхӕн менеугутӕ. Цӕмӕй дин еске хуарз ӕмбал исуа, уой туххӕй гъӕуй берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ. Фал интернети ба еунӕг къиппӕй кафӕндидӕр исуодзӕй «де ’мбал». Интернети дӕ зӕгъуйнӕгтӕбӕл рагацау расагъӕс кӕнунмӕ берӕ рӕстӕг ке ес, уомӕ гӕсгӕ адӕймаги бон ӕй ӕхе, куд ӕй фӕндуй, уотӕ равдесун, ӕцӕгӕй цӕхуӕн адӕймаг ӕй, уӕхӕнӕй нӕ, фал. Уомӕ гӕсгӕ интернети ӕмбӕлттӕ куд ӕртасдзӕнӕ, уобӕл лӕмбунӕг расагъӕс кӕнӕ. Ӕнӕзонгӕ адӕймаги ку фӕндӕуа де ’мбал исун, уӕд ин «нӕъ» зӕгъунмӕ ма бафсӕрми кӕнӕ. Кадӕртӕ социалон сетьтӕмӕ цӕугӕ дӕр нӕ кӕнунцӕ, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрунцӕ, е сӕ хуарзӕй ке нецӕмӕ ӕркӕндзӕй. Социалон сетьтӕй пайда кӕнгӕй нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн?

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «СОЦИАЛОН СЕТЬТӔЙ ЛӔДӔРГӔЙ ПАЙДА КӔНӔ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:

  • Социалон сети ести хузӕ ниввӕруни размӕ кенӕ ести комментарий ниффинсуни размӕ цӕбӕл гъӕуама расагъӕс кӕнӕн?

  • Интернети ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕй лӕмбунӕг цӕмӕн гъӕуама уӕн?

  • Социалон сетьти цӕйбӕрцӕ рӕстӕг фӕббадӕн, уомӕн бӕрцӕ цӕмӕн гъӕуама зонӕн? (Еф 5:15, 16).