НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Библи ахур кӕнуни туххӕй нӕмӕ ци видеороликтӕ ес, уонӕй пайда кӕнӕ
Игъосун кӕнгӕй нӕ бон ӕй пайда кӕнун, Библи ахур кӕнуни туххӕй нӕмӕ ци 4 видеороликки ес, уонӕй. Цума сӕ нисан цӕй медӕг ӕй?
-
«Библи ахур кӕнун цӕмӕн гъӕуй?» (ӕгас). Аци видеоролик уотӕ конд ӕрцудӕй, цӕмӕй адӕймаги Библи хуӕздӕр базонун бафӕндӕуа, цийфӕнди динбӕл хуӕст ма уа, уӕддӕр. Аци видеоролик адӕймаги разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй царди тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ Библий агора. Видеороликки медӕг дӕр еци фарстатӕй еу ӕвзурст цӕуй.
-
«Библи ахур кӕнун цӕмӕн гъӕуй?» (цубур). Фиццаг видеороликки хузӕн ӕй, фал ӕртӕ хатти цубурдӕр. Аци видеороликкӕй пайда кӕнун ӕнгъезуй, адӕн арӕхдӕр тагъд кӕми фӕккӕнунцӕ, уӕхӕн рауӕнти.
-
«Библи адӕни хӕццӕ куд фӕййахур кӕнӕн?». Аци видеоролик уотӕ конд ӕрцудӕй, цӕмӕй адӕймаги бафӕндӕуа Библи ахур кӕнун ӕма си ес, адӕн арӕхдӕр ци фарстатӕ фӕддӕттунцӕ, уонӕбӕл дзуӕппитӕ. Удта ма си дзурд цӕуй, адӕймаги бон ци ӕй бакӕнун, цӕмӕй ӕ хӕццӕ еске Библи ахур кӕнун райдайа.
-
«Добро пожаловать на библейский курс!». Аци видеоролик конд ӕй, Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн. Ӕма ’й кӕд иссерӕн ес, киунуги «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!» 2 фарсбӕл, уӕддӕр имӕ ӕнгъезуй бакӕсун брошюрӕ «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!» ахури рӕстӕг дӕр. Видеороликки дзурд цӕуй, адӕймаг Библий ахури рӕстӕг ци базондзӕй ӕма Библий ахур куд фӕццӕуй, уобӕл.
Кӕд алли видеороликкӕн дӕр ес ӕхе нисан, уӕддӕр си алкӕцийдӕр нӕ бон ӕй ӕвдесун кенӕ ӕрветун, фадуат ку фӕззиннуй, уӕд. Алкедӕр ни аци видеороликтӕ гъӕуама дзӕбӕх зона, цӕмӕй си игъосун кӕнгӕй нӕ бон уа пайда кӕнун.