Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Ӕрдзон бӕллӕхи ка бахаудтӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун?

Ӕрдзон бӕллӕхи ка бахаудтӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун?

Фӕстаг рӕстӕг ӕрдзон бӕллӕхтӕ арӕх ӕрцӕунцӕ. Ӕма цӕмӕй, бӕллӕхи ка бахаудтӕй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кӕнӕн, уой туххӕй гъӕуй ӕмгуст кӕнун. Уомӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет унаффӕ рахаста, цӕмӕй алли филиали дӕр уа, бӕллӕхи ка бахаудтӕй, уонӕн ка ӕнхус кӕнуй, уӕхӕн хайадӕ.

Еци хайади ӕнсувӕртӕ ку базонунцӕ, кӕмидӕр бӕллӕх ке ’рцудӕй, уӕд еци фӕдбӕл бадзорунцӕ бунӕттон хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ ӕма базонунцӕ, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти цӕхуӕн ӕнхус гъӕуй, уой. Бунӕттон ӕнсувӕртӕ сӕхуӕдтӕ ку нӕ хъӕртонцӕ, уӕд филиал равзардзӕй, еци гъуддаги син ка ӕнхус кӕндзӕй, уӕхӕн ӕнсувӕрти. Фулдӕр къохтӕ кенӕ дзаумӕуттӕ ӕма продукттӕ ку гъӕуа, уӕд ӕй фегъосун кӕндзӕнцӕ. Уомӕй уӕлдай ма сӕ бон ӕй бунӕттон тукӕнтти гъӕугӕ дзаумӕуттӕ балхӕнун ӕма сӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн райуарун.

Мадта банхус кӕнун ке фӕндуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ гъӕуама сӕхуӕдтӕ ма архайонцӕ. Ӕмгуст ку кӕнӕн, уӕд нин ӕнӕгъӕугӕ хъиамӕттӕ ӕма дзӕгъӕл хӕрзтӕ нӕ уодзӕй.

Филиал ке иснисан кодта, еци ӕнсувӕртӕ ’й исбӕрӕг кӕндзӕнцӕ, банхус кӕнунмӕ цӕйбӕрцӕ адӕн ӕма цӕйбӕрцӕ ӕхца гъӕуй, уой. Удта ма бунӕттон хецауади хӕццӕ дӕр бадзубанди кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй син сӕ къох аразонцӕ ӕма сӕ маци бахъор кӕна хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кӕнун. Уомӕ гӕсгӕ нин кӕд ӕнсувӕртӕ неци баихӕс кодтонцӕ, уӕд нӕхуӕдтӕ гъӕуама ӕхца ма ’мбурд кӕнӕн, гуманитарон ӕнхус ма ’рветӕн, удта нӕхуӕдтӕ дӕр уордӕмӕ ма рандӕ уӕн.

Мах нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти берӕ уарзӕн ӕма нӕ фӕффӕндуй зин рӕстӕг сӕ фарсмӕ балӕуун (Дзт 13:16). Нӕ бон син куд ӕй банхус кӕнун? Фиццагидӕр нӕ бон ӕй ковун сӕхе туххӕй, удта син ка ӕнхус кӕнуй, уони туххӕй дӕр. Удта ма нӕ бон ӕй нисайнаг дӕттун ӕгас дуйнеуон гъуддагӕн. Разамонӕг совети дӕлбарӕ ци филиалтӕ ес, етӕ ’й зонунцӕ, еци нисайнӕгтӕй хуӕздӕр испайда кӕнӕн куд ес, уой. Нӕхе банхус кӕнун ку фӕндӕуа, уӕдта нӕ бон ӕй байдзаг кӕнун «Заявление на служение добровольцем в программе местного проектно-строительного отдела» (DC-50).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «РАЗРУШИТЕЛЬНЫЕ НАВОДНЕНИЯ В БРАЗИЛИИ» ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАБӔЛ:

2020 анзи Бразилий донивулди фӕсте Йегови Ӕвдесӕнтӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн куд ӕнхус кодтонцӕ, уоми дӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр ци фӕццудӕй?