Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

29 апрели – 5 маййи

ПСАЛОМТӔ 34, 35

29 апрели – 5 маййи

10 зар ӕма кувд | Раздзурд (1 мин.)

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ

1. «Ӕз алкӕддӕр арфӕ кӕндзӕн Йеговӕн»

(10 мин.)

Давид алкӕддӕр Йеговӕн арфӕ кодта, зиндзийнӕдтӕбӕл ку ӕмбалдӕй, уӕд дӕр (Пс 34:1; w07-U 1/3 22 ф., 11 абз.).

Давид Йегови кадгин кодта, ӕхе нӕ, фал (Пс 34:2–4; w07-U 1/3 22 ф., 13 абз.).

Давид Йегови ку кадгин кодта, уӕд уомӕй иннети дӕр федар кодта (Пс 34:5; w07-U 1/3 23 ф., 15 абз.).

Давид Авимелехӕй ӕдзӕрӕг будурмӕ ку рандӕ ’й, уӕд имӕ ӕрбайеу ӕнцӕ 400 адӕймаги, уомӕн ӕма сӕ зӕрдӕмӕ Саули хецаудзийнадӕ нӕ цудӕй (1См 22:1, 2). Давид аци псалом ку финста, уӕд, ӕвӕдзи, уони кой кодта (Псалом 34, раздзурд).

ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Мӕ бон куд ӕй Йегови кадгин кӕнун, иннӕ хатт ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй еске хӕццӕ ку дзорон, уӕд?»

2. Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай

(10 мин.)

  • Пс 35:19. Ци нисан кӕнунцӕ дзурдтӕ, «ма бауадзӕ, цӕмӕй ми е ’сӕфт ка уинуй, етӕ кӕрӕдземӕ сӕ цӕститӕ никъолонцӕ», зӕгъгӕ? (w06-U 15/5 20 ф., 2 абз.)

  • Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕми цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?

3. Библи кӕсӕн

АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ

4. Дзубанди ку райдайай

(2 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС, ФАДУАТ ДИН ФӔЗЗИНДТӔЙ, УОТЕМӔЙ. Уӕ дзубанди фӕцӕй, адӕймагӕн рӕстдзийнади туххӕй неци радзурдтай, уотемӕй (lmd 1 урок, 4 пункт).

5. Адӕймаги хӕццӕ нӕуӕгӕй дзорис

(4 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС, ФАДУАТ ДИН ФӔЗЗИНДТӔЙ, УОТЕМӔЙ. (lmd 2 урок, 4 пункт).

6. Цӕбӕл ӕууӕндис, уой лӕдӕрун кӕнис

(5 мин.) Равдист. ijwfq 59-U. Темӕ: «Йегови Ӕвдесӕнтӕ цӕмӕ гӕсгӕ исбӕлвурд кӕнунцӕ, цӕхуӕндӕр бӕрӕгбон кӕндзӕнцӕ ӕви нӕ»? (th 17 урок).

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

59 зар

7. Йегови кадгин кӕнӕн ӕмбурди

(15 мин.) Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ.

Ӕмбурди нин фӕууй хуарз фадуат Йегови кадгин кӕнунмӕ. Уой нӕ бон ӕй кӕнун ӕртӕ гъуддагей фӕрци.

Иннети хӕццӕ дзубанди кӕнгӕй. Йегови хуарздзийнӕдти туххӕй дзорӕ (Пс 145:1, 7). Ка ’й зонуй, фегъустай кенӕ бакастӕ, ка дин фӕппайда ӕй, уӕхӕн гъуди. Кенӕ ба дӕбӕл игъосун кӕнгӕй цӕхуӕндӕр цӕмӕдесаг цау ӕрцудӕй. Гӕнӕн ес, ӕма дин кадӕр цидӕр загъта кенӕ искодта, ӕма дин уомӕй дӕ нифс бафедар кодта. Кенӕ дӕ, Йеговӕ ци сфӕлдиста, уонӕй цидӕр деси бафтудта. Ке ранимадтан, етӕ ӕгасӕйдӕр ӕнцӕ Йегови лӕвӕрттӕ (Иак 1:17). Дӕ бон н’ адтайдӕ ӕмбурдмӕ минкъий раздӕр ӕрбацӕун, цӕмӕй еци гъуддӕгти туххӕй еске хӕццӕ радзорай?

Дзуӕппитӕ дӕтгӕй. Байархайӕ, цӕмӕй ӕмбурди еу хатт уӕддӕр дзуапп раттай (Пс 26:12). Дӕ бон ӕй фарстабӕл комкоммӕ дзуапп раттун, уӕлӕнхасӕн гъуди зӕгъун, Библий стихмӕ ’ргом раздахун, хузи туххӕй радзорун кенӕ ӕрмӕгӕй царди куд ес испайда кӕнӕн, уой радзорун. Хатгай дзуапп раттун ке фӕндуй, етӕ берӕ фӕуунцӕ, уомӕ гӕсгӕ хуарз уайдӕ цалдӕр дзуаппи ку бацӕттӕ кӕнисӕ. Дзуӕппитӕ 30 секъунди ку уонцӕ, уӕд фулдӕрей бон уодзӕй Хуцауӕн хӕссун «кади нивонд» (Дзт 13:15).

Заргӕй. Паддзахади зартӕ ӕгас зӕрдӕй заретӕ (Пс 147:1). Ка ’й зонуй дин ӕмбурди дзуапп раттун аллихатт нӕ уайдзӕй, уӕлдайдӕр ба ӕмбурд устур ку уа, уӕд. Фал зарун ба дӕ бон алкӕддӕр ӕй. Кӕд дӕхемӕ дессаги зарӕг нӕ кӕсис, уӕддӕр ӕй зонӕ: ке архайис, е Йеговӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй (2Кр 8:12). Дӕ бон ӕй зартӕ хӕдзари рагацау разарун, уотемӕй ӕмбурди дӕр нифсгундӕрӕй зардзӕнӕ.

Бавдесӕ ВИДЕОРОЛИК «Наша история: движемся вперёд. Прославляем Иегову в песне (часть 1)». Уой фӕсте игъосгути бафӕрсӕ:

Йегови кадӕн зарун ӕхсидзгӕ гъуддагбӕл ке нимайӕн, е нӕ организаций историйӕй куд зиннуй?

8. Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 2024 анзи регионалон конгресси зар ӕма кувд