Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДТИ ХӔЗНАТӔ | ИОВ 6–10

Еузӕрдон Иов ӕ зӕрди рист радзурдта

Еузӕрдон Иов ӕ зӕрди рист радзурдта

Кӕд Иов ӕ есбон фесафта, ӕ цӕуӕт фӕммардӕнцӕ ӕма ӕхуӕдӕг ба уӕззау незӕй фӕссӕйгӕ ’й, уӕддӕр Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзадӕй. Ӕма уӕд Сайтан архайун райдӕдта, цӕмӕй Иовӕн ӕ нифс басастайдӕ, ӕма ӕхе Хуцауӕй рахаттайдӕ. Е ’ртӕ «ӕмбали» имӕ ӕрцудӕнцӕ. Фиццаг бал ин иннети рази тӕрегъӕд кӕнун райдӕдтонцӕ. Уой фӕсте ба Иови хӕццӕ исбадтӕнцӕ ӕма авд бони неци дзурдтонцӕ – еунӕг зӕрдӕфедаргӕнӕн дзурд дӕр ин нӕ загътонцӕ. Дзорун ку райдӕдтонцӕ, удта ’й фудгин кодтонцӕ ӕма ин фауӕн дзубандитӕ кодтонцӕ.

Иов Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзадӕй, кӕд карз фӕлварӕнти бахаудтӕй, уӕддӕр

6:3; 7:16; 9:20–22; 10:1, 12

  • Иов уӕхӕн тухст уавӕри ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ гъуддагмӕ раст цӕстӕй нӕбал кастӕй. Уӕхӕн рӕдуд гъудимӕ ӕрцудӕй, цума Хуцауӕн уӕлдай дӕр нӕй, еузӕрдонӕй ибӕл байзайдзӕй ӕви нӕ

  • Фур тухстӕй Иов сагъӕс дӕр нӕбал ракодта ӕ гъезӕмӕрттӕ Хуцауи нӕ, фал ӕндӕр еске фудӕй ке цӕунцӕ

  • Кӕд зӕрдӕрист адтӕй, уӕддӕр, ка ’й ӕфхуардта, уонӕн дзурдта, Йегови ке уарзуй, уой туххӕй