Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Киристей нивонди фӕрци нин ес райгасдзийнади нифс

Киристей нивонди фӕрци нин ес райгасдзийнади нифс

Имисӕн изӕри рӕстӕг нин хуарз фадуат фӕууй, цӕмӕй расагъӕс кӕнӕн, Киристей нивонди фӕрци федӕни цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзиан, уонӕбӕл. Еци арфӕдзийнӕдтӕй еу ӕй, мӕрдтӕ ке райгас уодзӕнцӕ, е. Йегови некӕд фӕндадтӕй, цӕмӕй адӕн мӕлонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ хъӕбӕр фӕммаст кӕнӕн, берӕ ке уарзӕн, уонӕй еске ку рамӕлуй, уӕд (1Кр 15:26). Киристейӕн ӕ зӕрдӕ фӕрристӕй, ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ Лазӕри мардбӕл куд маст кодтонцӕ, уой уингӕй (Ин 11:33–35). Йесо алцӕмӕй дӕр ӕ Фиди хузӕн ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ федарӕй зӕгъӕн ес, ӕма Йеговӕн дӕр ӕ зӕрдӕ фӕрресуй, зиан нӕбӕл ку ӕрцӕуй, уӕд (Ин 14:7). Йеговӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, ӕ лӕггадгӕнгутӕй ка рамардӕй, уони кӕд райгас кӕндзӕй, уомӕ ӕма мах дӕр гъӕуама еци рӕстӕгмӕ зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн (Иов 14:14, 15).

Йеговӕ ӕй уагӕ ӕма ӕгъдауи Хуцау, ӕма адӕн куд игас кӕндзӕнцӕ, уомӕн дӕр уодзӕй бӕлвурд ӕгъдау (1Кр 14:33, 40). Адӕн зиани хӕццӕ баст гъуддӕгтӕ нӕбал кӕндзӕнцӕ, фал сӕхе цӕттӕ кӕндзӕнцӕ, ка райгас уа, уони хӕццӕ фембӕлунмӕ. Мӕрдтӕ ке райгас уодзӕнцӕ, уобӕл фӕссагъӕс кӕнис, уӕлдайдӕр ба кӕд дӕхебӕл уӕззау зиан ӕрцудӕй, уӕд? (2Кр 4:17, 18). Йеговӕн фӕййарфӕ кӕнис, Киристей нивонди туххӕй ӕма, мӕрдтӕ ке райгас уодзӕнцӕ, уой нин Библий ке раргом кодта, уой туххӕй? (Кл 3:15).

  • Де ’мбӕлттӕй кенӕ дӕ хеуӕнттӕй ка рамардӕй, уонӕй дӕ хъӕбӕрдӕр фӕууинун ке фӕндуй?

  • Библий ке кой цӕуй, еци адӕймӕгтӕй дӕ хъӕбӕрдӕр ке хӕццӕ фӕндуй фембӕлун ӕма радзубанди кӕнун?