Есфир уодуӕлдаййӕй архайдта Йегови ӕма ӕ адӕни туххӕй
Есфир ӕ адӕни сӕрбӕл нифсгунӕй ӕма уодуӕлдаййӕй тох кодта
-
Есфир ӕма Мардохеййи цардӕн тӕссаг нецӕмӕй адтӕй. Фал Аман дзиуиттӕгти ниццӕгъдуни туххӕй ци бардзурд раттун кодта, уой хабархӕсгутӕ Персий паддзахади алли къумти дӕр фегъосун кодтонцӕ
-
Есфир ӕ цард тӕссаг уавӕри багӕлста – нӕуӕгӕй ӕнӕхонгӕй паддзахмӕ бацудӕй. Цӕстисугкалгӕй ин фӕллигъстӕ кодта, цӕмӕй ӕ адӕни туххӕй ци бардзурд равардта, уой раййивтайдӕ
-
Паддзах ке ӕрфедар кодта, еци закъонӕн ӕййевӕн нӕбал адтӕй. Уомӕ гӕсгӕ паддзах Есфирӕн ӕма Мардохеййӕн барӕ равардта, цӕмӕй нӕуӕг закъон ниффинстайуонцӕ