Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Дӕ бийнонтӕн ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй Йегови сӕ зӕрдӕбӕл даронцӕ

Дӕ бийнонтӕн ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй Йегови сӕ зӕрдӕбӕл даронцӕ

Йереми гъӕуама дзиуиттӕгтӕн игъосун кодтайдӕ, сӕ Хуцау Йеговӕ сӕ ке бафхуӕрдзӕй, ке ’й феронх кодтонцӕ, уой туххӕй (Йер 13:25). Цума хабар уотӕ цӕмӕн рауадӕй? Израили бийнонтӕ се ’ууӕндундзийнадӕ фесафтонцӕ. Ӕвӕдзи, бийнонти хестӕртӕ не ’гъустонцӕ, Йеговӕ Дуккаг закъони 6:5–7 стихти ци разамунд равардта, уомӕ.

Се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕмӕн ӕй, еци бийнонтӕ ӕмбурдӕн устур ӕнхус ӕнцӕ. Бийнонти хестӕртӕ сӕ бийнонтӕн ӕнхус кӕндзӕнцӕ Йегови макӕд иронх кӕнун, бийноти ахур син алли къуӕре дӕр ку уа ӕма цӕбӕл дзордзӕнцӕ, уобӕл рагацау ку сагъӕс кӕнонцӕ, уӕд (Пс 22:27). Видеороликмӕ «Аци дзурдтӕ „гъӕуама уонцӕ дӕ зӕрди“. Интервью» ку бакӕсайтӕ, уӕд радзубанди кӕнтӕ уӕхӕн фарстатӕбӕл:

  • Бийнонти ахур уадзун берети арӕхдӕр ци фӕхъхъор кӕнуй, ӕма еуӕй-еу бийнонтӕн еци къахкъуӕрӕнти сӕрти рахезун куд бантӕстӕй?

  • Бийнонти ахур син алли къуӕре дӕр ке фӕууй ӕма, цӕбӕл дзордзӕнцӕ, уобӕл рагацау ке расагъӕс кӕнунцӕ, е син цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ хӕссуй?

  • Мӕн ба ци хъор кӕнуй бийнонти ахур уадзун, ӕма мӕ бон ци ӕй искӕнун, цӕмӕй мӕ гъуддаг фӕррӕстмӕ уа?