Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Финстӕгутӕ финсун куд гъӕуй

Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Финстӕгутӕ финсун куд гъӕуй

Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ. Апостол Павел ци 14 финстӕги ниффинста, уонӕй еу ӕй Фиццаг финстӕг Коринфӕгтӕмӕ, ӕма ’й ниффинста, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бафедар кодтайдӕ. Адӕймаг ескӕмӕ финстӕг ку фӕффинсуй, уӕд дзӕбӕх расагъӕс кӕнуй, ци ниффинса, уобӕл, удта ’й кӕмӕ ниффинста, уомӕн ӕ бон фӕууй финстӕг цалдӕр хатти бакӕсун. Финстӕгути фӕрци нӕ бон ӕй нӕ хеуӕнттӕн, нӕ зонгитӕн, ӕма, нӕ бон лӕгӕй-лӕгмӕ радзорун ке хӕццӕ нӕй, уонӕн хуарз хабари туххӕй радзорун. Зӕгъӕн, адӕймаги фӕндуй фулдӕр базонун, фал хӕдзари арӕх нӕ фӕууй кенӕ цӕруй, гъӕуай ке фӕккӕнунцӕ, уӕхӕн берӕуӕладзугон хӕдзари кенӕ ба идард рауӕн. Финстӕгутӕ ку фӕффинсӕн, уӕлдайдӕр ба, ке нӕ зонӕн, уӕхӕн адӕймагӕн, уӕд цӕбӕл гъӕуама расагъӕс кӕнӕн?

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Расагъӕс кӕнӕ, адӕймагӕн лӕгӕй-лӕгмӕ ци загътайсӕ, уобӕл. Финстӕги райдайӕни дӕ ном ниффинсисӕ ӕма имӕ цӕй туххӕй финсис, уой дӕр. Уой фӕсте, дӕ бон ӕй бафӕрсун, цӕхуӕндӕр фарстабӕл ци гъуди кӕнуй, уой туххӕй. Ниффинсӕ ин, иннети хӕццӕ Библи ке фӕрци фӕййахур кӕнӕн, еци публикацити ци темитӕ ес, уонӕй еуӕй-еуети туххӕй ӕма, адӕни хӕццӕ Библи лӕвар ке фӕййахур кӕнӕн, уой туххӕй дӕр.

  • Финсӕ цубуртӕй. Дӕ финстӕг ӕгӕр даргъ гъӕуама ма уа, цӕмӕй адӕймаг ма истухса.

  • Байархайӕ, цӕмӕй дӕ финстӕги рӕдудтитӕ ма уа, ӕнцон кӕсӕн уа ӕма бӕрӕг уа, адӕймаги ке нимайис, е. Кӕд дӕ финстӕг почтӕй ӕрветис, уӕд си фагӕ маркитӕ банихасӕ. Еуӕй-еу бӕстити конвертбӕл фагӕ маркитӕ ку нӕ уа, уӕд, финстӕг кӕмӕ ниффинсунцӕ, е сӕбӕл ӕхуӕдӕг гъӕуама бафеда.

  • Кӕд дӕ фӕндуй еци хузи баллӕггадӕ кӕнун, уӕд дӕ бон ӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕй унаффӕ ракорун.